Гиорги Квирикашвили – Арфæ уын  кæнын  Куадзæны Рухс Бæрæгбон алкæмæндæр
Гиорги Квирикашвили – Арфæ уын кæнын Куадзæны Рухс Бæрæгбон алкæмæндæр

Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх,  Илья  Дыккаг   Куадзæнон литургийы  кæрон  Æппæтысыгъдæг Самебайы  кафедралон аргъуаны   æрымбырдуæвæг  чырыстонтæн  Куадзæны  Рухс  бæрæгбон ноджы иу  хатт раарфæ кодта  æмæ дзырдæй æрсидтис  премьер-министр Гиорги Квирикашвилимæ.

«Амондджын стæм, цæмæй  нæ  хуыцаумæскуывдтытæм æрбацыд   цытджын   премьер-министр Гиорги.  Фæнды мæ  ракурон  цæмæй адæмæн   раарфæ кæна    Куадзæны бæрæгбон» – банысан кодта Патриарх.

Премьер, Патриархæн  æмæ Æппæт Гуырдзыстонæн   раарф кодта Куадзæны  Рухс Бæрæгбон.

«Арфæ уын кæнын    алкæмæндæр, æмæ сæрмагондæй  дæуæн нæ  цытджын  Патриарх,  Куадзæны   Рухс бæрæггбон.  Хуыцаумæ скувдзынæн,  цæмæй  уын   уæ  æлдариуæгы  рæстæг  ноджы  стыр рæстæг  дарддæр кæна Гуырдзыстоны, æмæ Гуырдзыстонæн та  мæ фæнды ракувон     баиу кæнын,  алкæмæндæр  уыцы стыр цин  кæцыйы  нын æрхæссы Куадзæны  Рухс бæрæгбон.

Эпистолæйы  куыд  райхъусын кодтат афтæмæй,   мæ  фæнды Гуырдзыстонæн ракувон,  Аргъуан æцæгæй дæр  у  бæстæйы уд  æмæ  йæ  адæм та сты  бæстæйæн йæ буар,   æмæ мæ  фæнды  Хуыцауы  фæлдисон  ацы гармони куыд  баиу уа  афтæ,  кæцы  нын  абоны бонмæ  æнустыл хæсгæйæ,   бавæрдта æмæ  нæ  бæстæ.

Стыр Бузныг  дын  зынаргъ  Патриарх, алцæмæндæр,  цыдæриддæр  нæ  бæстæйæн  сарызтат  æмæ  Хуыцаумæ  кувын, цæмæй   ноджы  стыр рæстæг адарддæр уа Хуыцауы  ацы  стыр  хорздзинад æмæ  лæвар» –  загъта   премьер  Патриархæн.

Илья Дыккаг   раарвæ кодта  Гиорги Квирикашвилийæн æмæ Æппæт Гуырдызстонæн.

«Бузныг уын.  Сабырдзинад,  Хуыцауы хорзæх, дæ  уæнт  цытджын  премьер-министр дæу  æмæ Æппæт Гуырдзыстонæн» –   банысан кодта  Патриарх.