Гиорги Къвирикашвили – Арфæ кæнын алы æмбæстонæн, чидæриддæр Цыппурс банысан кæны 25  декабры
Гиорги Къвирикашвили – Арфæ кæнын алы æмбæстонæн, чидæриддæр Цыппурс банысан кæны 25 декабры

Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Къвирикашвили  Цыппурсы  бæрæгбон арфæ кæны Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн,  кæцытæ  ацы  бæрæгбон банысан кæнынц  25 декабры.

«Цыппурс арфæ кæныны   мæ ал æмбæстонæн, чидæриддæр 25 декабры   банысан кæны  ацы стыр бæрæгбон.  Хуыцауы  райгуырд   у   ранæуæгы символ.  Ацы   бæрæгбон   у хæрзиуæгы, уарзондзинады æмæ   уæздандзинады    бæрæгбон.   Алкæмæн  ракувдзынæн сабырдзинад, амондджындзинад  æмæ  дзæбæхдзинад» –  дзырдæуы   Гиорги Къвирикашвилийы   арфæйы  тексты.

Мингай  уырнæг  иуæй-иу  сегасæй нысаниуæгджын  чырыстонон  бæрæгбон –  Цыппурс   бæрæгбон кæнынц.

Чырыстийы   райгуырды  уацыл  уыцы аргъуанты  минæвæрттæ æмбæлынц,  кæцытæ ацы датæ  Григорианон къæлиндарæй нымайы.

Католиктимæ æмæ   протестанттимæ иумæ  Цыппурс  бæрæгбон кæнынц  15 автокефалион   рæстдинон  аргъуанæй 11.

Абон æндæр æмæ æндæр конфесситы  минæвæрттæ æмхъæлæсонæй   дзурынц, цæмæй  Цыппурс  милуангай адæймагы   æппæт Дунейы  иу кæны  уарзондзинады æмæ хæрзиуæгы алыварс.