Гиорги Квирикашвили – Арчил Татунашвилимæ гæсгæ цы æрцыд, уый у марындзинад, кæцыйæн ис конкретон аххосджынтæ
Уæрæсе ницы амæлттæй нæ фæиуырдæм кæндзæн йæхи, Арчил Татунашвилийы хъуыддагыл дзуаппæй, æмæ ацы бæрн фиксиргонд у æхсæнадæмон резолюциты мидæг – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили загъта хицауады рабадтыл.
Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй, Уæрæсе æнæмæнгæй æрцæудзæн дзуаппмæ лæвæрд уыцы барасастыты тыххæй, кæцытæ æнæруромгæйæ фиксир кæнынц оккупацигонд территоритыл.
«Уæрæсейы ницы амæлттæй аиуварс кæндзæн йæхи бæрнæй, æмæ ацы бæрн фиксиргонд у æхсæнадæмн резолюциты мидæг. Уый нымæцы фиксиргонд у нæ дипломативон корпусы тыхархайды фæстиуæгæн, евросоветы æнæ иу резолюцийы, кæцыты мидæг бæлвырдæй фыст у, цæмæй бæстæ, кæцы фактонæй кантрол кæны оккупацигонд территоритыл, бæрнон у уым адæймаджы барты æфхæрды фактытыл. Цæй зæгъын æй хъæуы, уый цыдæриддæр æрцыд у марындзинад, тынг стыр трагеди, æмæ йын ис конкретон аххосджынтæ» – расидтис Гиорги Квирикашвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Арчил Татунашвилийы бинонтæм хъуамæ уа стыр хъусдард æмæ паддзахад фæдфæдон къахдзæфтæ хъуамæ авæра гуырдзиаг-ирон, гуырдзиаг-абхазаг фидыды процессы.
«Мæ зынаргъ хæлæрттæ, ахæм фыдбылыз нæ хъуамæ фæфидардæр кæна. Арчилы бинонты, йæ ныййарджыты, кæцытæ хъайтары схъомыл кодтой, уыдоны æрдмæ хъуамæ уастыр хъусдард. Нæ паддзахад хъæддыхæй, æдфæдонæй, хъуамæ адарддæр кæна гуырдзиаг-ирон, гуырдзиаг-абхазаг фидыды æмæ нæ бæстæйы ссиу кæныны процесс. Йæ зæрдæ никæмæн хсайы цæмæй ацы афон æнæмæнгæй æрлæуудзæн. Нæ фæлтæр хæсджын стæм цæмæй алцыппæт ай сыххæстæуа максималонæй цыбырдæр æмгъуыдты» – райхъусын кодта Гиорги Квирикашвили.