Гиорги Квирикашвили æмæ Шейх ал Нахьян, æруынаффæ кодтой, Гуырдзыстоны Арабты Иугонд Эмиратты минæварады байгомы фарстыл
Гиорги Квирикашвили  æмæ Шейх  ал Нахьян,  æруынаффæ кодтой, Гуырдзыстоны  Арабты Иугонд Эмиратты минæварады байгомы фарстыл

Арабты Иугонд Эмиратты  паддзахадон министр  толерантондзинады  фарстыты, Шейх Нахьян Бин Мубарак ал Нахьян  Гуырдзыстоны   сæххæст  инвекстициты гуырахст фæдывæр кæндзæн – уый фæдыл Шейх   Гуырдзыстоны премьер-министри Гиорги Квирикашвилиимæ  фембæлды рæстæджы  загъта.

Дзырдæуы Гуырдзыстоны  конкретон ,  ставд   проектты сæххæсты фæдыл.   Арабты Иугонд Эмиратты  паддзахадон министр   сæрмагонд æвæрццагæй  саргъ кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилийы куыст  æмæ бæстæйы  сæххæст реформæтæн, кæцытæ  йæ ныхасмæ гæсгæйæ,   Гуырдызстоны райтынг æмæ размæцыдæн  сты.

Фæрстæ æркастысты  Гуырдзыстоны, Арабты  Иугонд Эмиратты  минæварады  байгомы фарст.

Шейх банысан кодта, цæмæй Тбилисы  дипломативон минæварады байгомæн стыр  нысаниуæг  ис æмæ   равдыста цæттæдзинад, максималонæй  баххуыс кæна  фæнысангонд идеяйы  сæххæсты хъуыддаджы.