Гиорги Квирикашвили – 9 апрель, кæддæриддæр уыдзæн фыдыбæстæйы уарзондзинады, сæрибардзинадæн тохы, хинывондкæныны символæй
9 апрел кæддæриддæр уыдзæн фыдыбæстæйы уарзондзинады, сæрибардзинадæн тохы, хинывондкæныны символæй – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили 9 апрелы мемориалы цур загъта.
Гиорги Квирикашвили фæмардуæвджыты ном ссардта æмæ мемориалыл дидингуытæ сæвæрдта. Премьер абоны боны нысаниуæгы фæдыл фæныхас кодта æмæ 29 азы размæ фæзындтæ æрымысыд.
«Абон рацыд 29 аз, 1989 азы 9 апрелæй. Ахæм бон у, кæцы бон дæр бирæ фæлтæр баиу ис Гуырдызстоны хæдбардзинадæн тохы. Абоны бон æнустм баззайдзæн фыдыбæстæйы уарзондзинады, сæрибардзинадæн тохы, хинывондкæныны символæй.
Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй нæ бæстæ нæ бафидыдта 1921 азы хæдбардзинад фесафынимæ æмæ бирæ азы фæстæ, ацы адæймæгтæ хинывондкæныны руаджы сфæрæзтой ноджы иу хатт ссæрибар кодтаиккой бæстæ» – банысан кодта Гиорги Квирикашвили.
Премьер-министры дзырдæй, 9 апрель азы аз срмагондæй ахсджиаг у, уымæн æмæ фыццаг Республикæйы расидынæй 100 азы сæххæст.
«9 апрелæй раст дыууæ азы сæрыл Гуырдзыстон хæдбардзинад райхъусын кодта. Абон махæн ацы датæ сæрмагондæй нысаниуæгджын у, уымæн æмæ 1918 азæы Фыццаг Республикæ расидынæй, 100 азы юбилей нысан кæнæм.
Ахсджиаг у уыцы консолидаци, кæцыйы расидт 9 апрель æмæ кæцыйы хуызæн æрымысæн нæй. Растдæр ахæм консолидацийæ æмæ æнæхъæн бæстæйы баиу кæнынæй мах хъуамæ сбæлвырд кæнæм нæ бæстæйы хæдбардзинад, хъуамæ саразæм фидар Гуырдзыстон, фæстæмæ баиу кæнæм нæ бæстæ æмæ уыцы идеалты æмзæрдæ уæм, кæцыйы тыххæй 9 апрелы æхсæвы, ам лæууæг адæймæгтæ сæхи снывонд кодтой» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр.
Гиорги Квирикашвилииæ иумæ, фæмардувджыты нæмттæн скад кодта, æмæ 9 апрелы мемориалыл дилингуыт сæвæрдта Тбилисы мэр Каха Каладзе.