Саломэ Зурабишвили – Куадзæн куыд æрлæууы монцы къуырийы æмæ  Чырыстийы  дзуарыл æфтыды фæстæ,афтæ  æрлæууыд  Гуырдзыстоны хæдбардзинады  ногæй  рацарæзт 9 апрелы трагедийы фæстæ
Саломэ Зурабишвили – Куадзæн куыд æрлæууы монцы къуырийы æмæ Чырыстийы дзуарыл æфтыды фæстæ,афтæ æрлæууыд Гуырдзыстоны хæдбардзинады ногæй рацарæзт 9 апрелы трагедийы фæстæ

Монцы къуырийы æмæ  Чырыстийы  дзуарыл æфтыды  фæстæ  куадзæн куыд æрлæууы  афтæ  æрлæууыд  референдум æмæ  Гуырдзыстоны  Хæдбардзинады  ногæй рацарæзт    æмæ æнцойæвæрд æрцыд 9 апрелы  амæттæгты æмæ трагедийыл –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили,  паддзахадон церемониты галуаны   райхъусын кодта, цы ран 9 апрелы  фæмардуæвджыты  бинонты уæнгты æмæ  Гуырдзыстоны  хæдбардзинад ногæй рацарæзты  акты  къухбафысджытæн специалон амал  сырæзт.

«9 апрел  у  ахæм датæ, кæцымæ алкæцыгуырдзиагæн ис  сæрмагонд ахаст. 9 апрел  нæ зæрдыл лæууы куыд трагикон датæ.  Ацы бон  цы зындзинад бавзæрстам  уый фæдыл нын  бакой кæны, фæлæ нæ  трагедийц фидардæр кæны.  Нæ  истори æнæхъæнæй нын  уый  æвдисы,  æмæ  9 апрел дæр уый  дæнц  у.  Ац ытрагедий нын ратта тых  цæмæй  нæхи ссæрибар кодтаиккам   советон   империйы  амынæтæй æмæ   хæдбардзинадæн бындур æрывæрдаиккам.   Зæгъгæ 9 апрел нæ уыд,   уæд гæнæн ис  нæ дæр референдум  æрцыдаит уцагъд, нæ дæр уæды  æмæ нæдæр   абон нæм цы хæдбардзинад ис  уый.  Абоны   Гуырдзыстон  лæууы   9 апрелы  йæхи чи ауæлдай кодта  уыдоны æнтыстыл. Нæй гæнæн  йæ зæрдыл ма лæууа  дзыллæйæн,   нæй  гæнæн  фæсивæд ма зона  уыцы  адæймæгты  сæруæлдайдзинады  фæдыл,  кæ1цытæ  нын сæрибардзинад æрхастой.  Нæй  гæнæн æхсæнад ма æвдиса   цыт  фыццаг президент Звиад Гамсахурдиайы æрдæм,  кæцы лæууыд  хæдбардзинадæн тохы  сæргъ» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

1989  азы 9 апрелы,  боныцъæхыл, Советон цæдисы   гарзджын тыхты дæлхайадтæ, Тбилисы  центры, парламенты  бæстыхайы  цур сабырадон  протестон   акци ныссæстой, кæцы  амæттагæй фæцис.  Ныссæндыны  фæстиуæгæн  21   адæмаг   фæмард, æрмæст  мингай æмбæстаг та,  æнæбæрæг    сконды  газæй  фæхъæстæ сты.