Ноджы иу хатт ссарæм уыцы хъайтарты рухс нæмттæ, кæцытæ сæрмагонд тугы аргъæй нын алыг кодтой фæндаг сæрибардзинадмæ, арфæгæнæг стæм алы æмбæстагæн, чидæриддæр уыцы хъайтарон бонты æмудæй, сæруæлдайæ æмæ кæрæдзийæн æххуысæй сбæрæг кодтой æнæрмæст Гуырдзыстоны, фæлæ ма советон цæдисы бæстæты фидæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили социалон хызаг «Фейсбукы» ныффыста.
Хицауады сæрдар куыд банысан кодта афтæмæй, 9 апрелы сæрибардзинады идеяйæ иугонд æппæт Гуырдзыстон дунейæн фехъусын кодта хæдбар, демократон, европаг бæстæйы арæзтады уынаффæ æмæ Совтон Режимы æбуалгъ митæ та æрмæст стынг кодтой гуырдзиаг адæмы фæнд, стыхджын кодта хæдбардзинадмæ тырнынад.
«9 апрел сæрмгаонд бон у мах алкæмæн. Ацы бон сæрибары ибеяйæ иугонд Æппæт Гуырдзыстон дунейæн дунейæн фехъусын кодта хæдбар, демократон, европаг бæстæйы арæзтады уынаффæ æмæ Совтеон Режимы æбуалгъ митæ та æрмæст стынг кодтой гуырдзиаг адæмы фæнд, стыхджын кодта хæдбардзинадмæ тырнынад.
Звиад Гамсахурдиа дзырдта: «алцыппæт ис гæнæн байсын нацийæн, фæлæ ничи бафæраздзæн сæрибардзинадмæ тырнынад байсын». Растдæр ацы æнкъарæн, кæцы æппæт нæ историйы бæлвырд кодта, сегасдæр дырыс фæбæрæг ис 1989 азы 9 апрелы.
Нæ дарддæр размæцыд хуыздæр Гуырдзыстонмæ æмæ та ноджы сæрибардзинады алыварс алæм æмуддзинадыл æнцойæвæрд хъуамæ уа», – банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.