Гиорги Къаландаришвили – Сбæрæг кæнæм нæхи æмæ нæ бинонты уæнгты бæрæггæнæнтæ æвзæрстгæнджыты иумæйаг нохыгъды, уый гæнæн ис 8 октябр хынцгæйæ
Фадыгон æвзарæнон комисситæ, фактивонæй нырид комплектгонд сты, – ацы фидиуæнæй, Гиорги Къаландаришвили кæсджыты фарстæн сдзуапп кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы алæвæрд «Алы Фарст ЦÆК-мæ»-ы.
«Зылды комисситæ нырид ауагъдтой æмбæлгæ æвзæрсты процесс æмæ 16 сентябр уыд фæстаг æмгъуыд, политикон партитæн куы уыдис фадат снысан кодтаиккой сæхи уæнгты», – райхъусын кодта Каландаришвили.
Кæсджыты фарстыл, зæгъгæ ис æви нæ исты амал ахæм цауæн, дæнцæн гоймаг регистрацигонд куы у иу горæты, иу адрисыл, фæлæ иудадзыг цæры æндæр горæты æмæ æвзæрстытæм уыцы горæтмæ ацæуын йын не нтысы, кæцыйы регистрацигонд у, ЦÆК-ы сæрдар сдзуапп кодта, цæмæй æвзæрстгæнæгы номхыгъдмæ бахæссынц йæ регистрацийы бынатмæ гæсгæйæ, æрмæст кæд гоймаг регистрацийы бынат ивы æмæ йын æвзæрстыты хайад райсыны фæндон ис, регистрацийы процедурæ æмбæлгæ локацийыл хъуамæ ацæуа æмбæлгæ æмгъуыдты.
Фарстыл, зæгъгæ куыд æмæ кæм хъуамæ схъæлæс кæной уыцы æмбæстæгтæ, кæцытæн адрис нæй, Къаландаришвили райхъусын кодта, цæмæй адрис кæмæн нæй, уыцы æмбæстæгтæ сæхи æвзæрстгæнджыты иугонд номхыгъды хъуамæ сбæрæг кæной сæрмагонд номыры æмæ мыггаг бавдисæгæйæ ЦÆК-ы веб-фарсыл, апликаци æмæ социалон хызæгты.
Уыимæ Гиорги Къаландаришвили банысан кодта, цæмæй æвзæрстгæнджыты иугонд номхыгъды бæрæггæнæнты рабæлвырд кæнын гæнæн ис 8 октябры хынцгæйæ æмæ æмбæстæгтæм ацы æрдæм активондзинадмæ æрсидтис.