Гиорги Каландаришвили фембæлдис Марк Клейтонимæ
Гиорги Каландаришвили фембæлдис Марк Клейтонимæ

 

Централон  æвзæрстгæнæг комиссийы  сæрдар Гиорги Каландаришвили   Гуырдзыстоны  Стыр Британийы  æмæ Цæгат  Ирландийы  Иугонд Паддзахады  минæвар  Марк Клеитонимæ фембæлдис.

ЦÆК-ы информацийæ,   фембæлды сæйраг темæ 2024 азы  26 октябры   ауадзинаг  парламентон æвзæрстытæ  æмæ  электронон æвзæрстгæнæн  технолгиты æрфидар кæныны   фарстатæ  уыд.

Гиорги Каландаришвили   минæварæн деталон  информаци базонын кодта  уый фæдыл, цææмй  куыд  цæттæ кæны  æвзарæнон администраци парламентон æвзæрстытæм.  ЦÆК-ы  сæрдар  радзырдта   æвзарæнон  реформæйы фæлгæтты   сæххæст  технологион  ногдзинæдты æмæ уагдоны раз уæвæг   расидтытыл.   Уый минæварæн  афтæдæр базонын кодта   информаци  электронон   технологиты  æрфидар кæныны фæдыл  цæугæ   уæрæхмасштабон   информацион кампанийы тыххæй.

Фембæлдыл  Гиорги Каландаришвили  куыд банысан кодта афтæмæй,   æвзарæнон администрацийæн   иттæг нысаниуæгджын у  æхсæнадæмон   партнертимæ, уый нымæцы  дипломатон корпусимæ  æмæ æхсæнадæмн  цæстдарæг  мисситимæ æмгуыстад, сæ æмархайд   æвзарæнон процессты цæстдарæгон æрдæмадæй.

ЦК-ы сæрдары дзырдæй,   æвзæрстыты  модернизацийы нысаниуæгджын этапыл  дипломатон   корпусы  бастдзинад, сæ  хъуыдыты  æмæ рекомендацитимæ базонгæ  æвзарæнон æрдз   фæхуыздæры стыр роль æххæст кæны.   Фембæлдыл  бахахх ис, бирæазон   æмгуыстад æмæ ацы  æмгуыстады фæлгæтты   минæварады æххуысæй  сæххæст  проекттæ.   Фарсытæ æркастысты   фидæнон æмгуыстады  фарстатæ.  ЦÆК-ы  сæрдары дзырдæй, зæгъгæ   æвзарæнон администраци, активонæй   адарддæр кæндзæн дипломатон   корпусы  минæвæрттимæ фембæлдтæ.