Гиорги Каландаришвили – фæсарæнты уæвæг æвзæрстгæнæджы æвзæрстыты хайад райсын регулиргонд у закъонæй, электронон технологитæй спайда кæндзыстæм æрмæстдæр бæстæйы мидæгæй
Фæсарæнты уæвæг æвзæрстгæнджыты хайад райсыны фарста регулиргонд у æвзарæнон закъонæй æмæ æвзарæнон закхондæттынад императионæй дзуры уыцы æмгъуыдты, фæткæвæрды æмæ процедурæты тыххæй, кæцы ацы æрдгæй, куыд æвзарæнон администрацийы æрдгæй, афтæ ацы процессы хайадисæг æндæр æмæ æндæр уагдонæн у бæрæг – уый фæдыл Централон Æвзæрстгæнæг Комиссийы сæрдар, Гиорги Каландаришвили райхъусын кодта.
Гиорги Каландаришвили куыд банысан кодта афтæмæй, ЦÆК, афтæ куыд æндæр æххæстбарджын уагдæттæ сæ компетенцийы фæлгæтты сыххæст кæндзысты алы уыцы процедурæ кæцы ифтонг кæны фæсарæнты уæвæг æмбæстонты æвзæрстыты хайад райсын.
«Ныр та уыцы фарстаты тыххæй куы зæгъæм кæцы фæстаг периоды фæсарæнты уæвæг æвзæрстгæнджыты алыварс хъусæм, сæ нмыæцы манипуляцион дæр, сæ нымæцы дэзинформацион – хъуамæ банысанæуа, цæмæй æвзарæнон администраци йæ афоныл алы этапы фæдыл æмбæлгæ нысанон къордтæн базонын кæндзæн информаци. Æвзарæнон фадгуытæ сбæрæг вæййынц хъæлæскæныны онг иу мæй раздæр. Æвзарæнон периоды с нæм цæмæй номхыгъд дырыуа, æмбæлгæ уагдон консулон бахыгъдыл уæвæг уæнгты фæдыл информаци нын базонын кæндзæн, кæцы фæстæдæр суыдзæн бындурæй, цæмæй комисси тæрхон кæна конкретон локацитыл æвзарæнон фадгуыты байгом кæныныл.
Электронон технологитæй спайда кæныны фæдыл, закъондæттæг оргæны райстой бирæпартион уынаффæ технологитæй спайда кæныны фæдыл, аконы фыст æрцыд, цæмæй банысангонд технологитæй спайда кæндзысты æрмæстдæр бæстæйы мидæгæй, æнæинтернетæй, растдæр уый тыххæй, цæмæй алы тас,рискытæй кæцытæ баст сты кибер бырстытимæ æмæ киберазаримæ, нæхи ауиварс кæнæм, растдæр уыцы æхсæнадæмон практикæйы анализы фæстиуæгæн, кæцы æндæр æмæ æндæр бæстæйы ис ацы æрдгæй» – райхъусын кодта Каландаришвили.