Гиорги Гвимрадзе - Знон ноджы иу мæстиаг факты раз ралæууыдысты, акцийы иуæй-иу хайадисæг, нæ операторæй æмбарынгæнæн домтта кадры тыххæй, уæлдайдæр тынг гуырымыхъхъæй æмæ æфхæргæйæ
Знон ноджы иу мæстиаг факты раз ралæууыдысты, акцийы иуæй-иу хайадисæг, нæ операторæй æмбарынгæнæн домтта кадры тыххæй, уæлдайдæр тынг гуырымыхъхъæй æмæ æфхæрæн ныхæстæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы ног æмæ цæугæ хабæртты блокъы директор Гиорги Гвимрадзе фыссы социалон хызаджы.
«Фæнды мæ зæгъын акциты организатортæн. Фыццаг – æмбарынгæнæн дæттын. Фыццаг Къаналы рард у ацы акцитæм гæсгæ, æхсæнадæн бадæтта бæлвырд æмæ æххæст информаци, уый нымæцы, визуалонæй. Ацы принципæй сты æвзæрст кадртæ дæр. Чи не мбары (æппын нæу æнæмæнгхъæугæ, цæмæй исчи æмбара) уыдонæн дæттын æмбарынгæнæн. Акцитæ лæвæрд цауынц æртæ сæйраг къадрæй спайдайæ, иудадзыгæй, кæнæ æртæ дæр кадр иурæстæгонæй сты эфиры. Иу у хæстæг ракурс – дзырдæй чи ралæууы уый æвдисæг; дыккаг – сценæйы иумæйаг кадр; æртыккаг – иумæйаг кадр æппæт фæзы равдисынæн, уыцы бынатæй, кæцæй дæр фæзуат амалуæвæгæй æххæстæй цæуы объективы. Ацы æртæ къадры дæттынц æххæст сурæт парламенты цур, Руставелийы проспектыл цæугæ фæзындты тыххæй (ацы цауы, змæлгæ камерæты кой нæ кæнын, кæцытæ афтæдæр кусынц бынатыл фæзындты срухс кæнынæн). Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ноджы иу хатт хахх кæнын уый, цæмæй ахæм у редакцион уынаффæ, кæцы æнцойæвæрд у принципыл – Æхсæнадæн бадæттæм бæлвырд, æнæфæсаæйгæ æмæ æххæст сурæт фæзындты фæдыл. Раст ай у æхсæнады интерес æмæ нæ демонстрантты кæнæ интерес дарæг къордты. Уый тыххæй дæр, уын зæгъын, нæ журналисттæм ( ацы цауы мæ хъуыдыйы нæ дарын æрмæст репортерты, фæлæ ма æнæхъæнæй къорд, кæцы кусы фæзындты бынатыл), кæцытæ базиан сты, иуæй-иу тæ уæззау, раст ацы фæзындты срухс кæныны рæстæджы, ма баууæндут цæмæй сæм къухæй бавналат, кæнæ та сын бауайдзæф кæнат, уыдон сæ куыст кæнынц зæрдæхæлар æмæ æхсæнады интерестæм куыд æмбæлы афтæ. Æндæр цауы, журналисттæн куыст бахъыг дарыны тыххæй лæвæрд æрцæудзыстут дзуаппмæ.
Дыккаг – бакйо уын кæндзынæн, цæмæй Æхсæнадон Телеуынынады хæдбардзинад конституцийæ гарантиргонд у æмæ йæ редакцион хæдбардзинадмæ лæбурд уыдзæн æгæр уæззау фæстиуджыты æрхæссæг. Уый æрдомын, цæмæй акцитæ афтæ срухс кæна Фыццаг Къанал, сымахæн уæ зæрдæмæ куыд фæцæуа, уæ зæрдыл дарут, цæмæй растдæр у йæ редакцион хæдбардзинадмæ хъомыс дарыны архайд. Уый тыххæй дæр лæвæрд æрцæудзыстут дзуаппмæ.
Афтæмæй, уæхи дæр бауромут хъомыс дарыны миниуджытæн, фидиуæнтæй æмæ уæ хæлæрттæн дæр зæгъут арæхстгæйæ уой. Бæрæг куыд у, афтæмæй, журналистты æрдæм цыты æнхъæл сымахæй ма хъуамæ уæм, фæлæ хиуылхæцндзинад уæ æнæмæнгæй æрдомдзыстæм», – банысангонд у «Фейсбукы» Гиорги Гвимрадзейы публикацигонд фидиуæны.