Гиорги Гахариа телефонæй фæныхас кодта АИШ-ы сенатор Дэвид Пэрдьюимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа æмæ АИШ-ы Джорджиайы штаты сенатор Дэвид Пэрдьюйы æхсæн телефонон ныхас сырæзт.
Хицауады администрацийы пресс-куысты хъусинагæй, ныхасы рæстæджы бахахх кодтой Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы стратегион партнерады æмæ æмгуыстады дарддæр ауæрæхдæр кæнын ахæм ахсджиаг æрдæмадæй, цахæмдæр сты, хъахъъхæнынады æмæ æдадсзинад, базарад æмæ экономикæ.
Сенатор Пэрдью банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны националон интересты æмæ æдасдзинады темæтæн æххуыс, хыгъдмæ ист уыдзæн закъондæттæн æмвæзадыл – АИШ-ы хъахъхъæнынады авторизацийы акты, кæцы Гуырдзыстоны æрдæм АИШ-ы фидар дыууæпартион æххуыс ноджы иу хатт бæлвырд кæны.
Пресс-службæйы информацийæ, фарсытæ æркастысты оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл æдасдзинады æмæ гуманитарон æрдгæй фæфыддæргонд уавæр. Сенатор Пэрдью Гуырдзыстоны территорон æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн АИШ-ы Конгрессы хъæддых æнцойад сбæлвырд кодта æмæ банысан кодта, цæмæй дарддæр дæр уыдзæн нæ бæстæйы иузæрдыг хæлар.
Телефонæй ныхасы рæстæджы сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд Сау Денджызы æдасдзинады нысаниуæгмæ регионы стабилон рæзынад срæвдз кæнынæн æмæ Гуырдзыстоны иттæг нысаниуæгджын ролмæ ац æрдæм.
Хицауады сæргълæууæг АИШ-æ раарфæ кодта Гуырдзыстоны æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды системæ фæтыхджындæр кæныны æмæ «Ковид-19»-ы ныхмæ тохы нысакæнын рауæлдайгонд финансты тыххæй, кæцы сæ нымæцы Лугары лабораторийы æмæ низты контролы центрæн æххуысмæ хауы.