Гиорги Гахариа телефонæй  фæныхас кодта  АИШ-ы   сенатор  Дэвид Пэрдьюимæ
Гиорги Гахариа телефонæй фæныхас кодта АИШ-ы сенатор Дэвид Пэрдьюимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа æмæ   АИШ-ы  Джорджиайы  штаты  сенатор  Дэвид  Пэрдьюйы  æхсæн  телефонон ныхас  сырæзт.

Хицауады администрацийы  пресс-куысты   хъусинагæй,  ныхасы  рæстæджы бахахх кодтой  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы   стратегион    партнерады  æмæ æмгуыстады   дарддæр ауæрæхдæр кæнын  ахæм ахсджиаг  æрдæмадæй, цахæмдæр  сты, хъахъъхæнынады æмæ æдадсзинад, базарад æмæ  экономикæ.

Сенатор Пэрдью  банысан кодта,  цæмæй  Гуырдзыстоны  националон интересты æмæ æдасдзинады  темæтæн æххуыс,  хыгъдмæ ист уыдзæн   закъондæттæн æмвæзадыл  –  АИШ-ы хъахъхъæнынады  авторизацийы  акты, кæцы  Гуырдзыстоны æрдæм  АИШ-ы  фидар  дыууæпартион   æххуыс  ноджы иу хатт бæлвырд кæны.

Пресс-службæйы   информацийæ,  фарсытæ  æркастысты  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл  æдасдзинады  æмæ гуманитарон    æрдгæй  фæфыддæргонд  уавæр. Сенатор  Пэрдью  Гуырдзыстоны территорон æнæхъæндзинад  æмæ суверенитетæн   АИШ-ы Конгрессы  хъæддых  æнцойад  сбæлвырд кодта æмæ  банысан кодта, цæмæй   дарддæр дæр  уыдзæн нæ бæстæйы  иузæрдыг хæлар.

Телефонæй ныхасы  рæстæджы  сæрмагонд  хъусдард здæхт æрцыд   Сау Денджызы   æдасдзинады  нысаниуæгмæ регионы  стабилон   рæзынад срæвдз  кæнынæн æмæ   Гуырдзыстоны  иттæг нысаниуæгджын  ролмæ ац æрдæм.

Хицауады сæргълæууæг  АИШ-æ  раарфæ кодта Гуырдзыстоны æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды  системæ фæтыхджындæр кæныны æмæ «Ковид-19»-ы ныхмæ тохы  нысакæнын рауæлдайгонд  финансты тыххæй,  кæцы сæ нымæцы Лугары   лабораторийы æмæ   низты контролы  центрæн æххуысмæ  хауы.