Гиорги Гахариа хъæу Зеда Сакарайы ногарызт æхсæнадон скъолайы ахуырдзаутимæ æмæ педагогтимæ фембæлд
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, ахуырады æмæ зонæдты министр Михеил Чхенкелиимæ, Имереты регионы паддзахадон æвджид лæг Звиад Шаламберидзеимæ æмæ мажоритар депутат Бежан Цъакадзеимæ иумæ, Зестапоны районы хъæу Уæллаг Сакарайы ногарызт æхсæнадон скъолайы ахуырдзаутимæ æмæ педагогтимæ фембæлдысты. Инфорамцийы хуъсын кæны пермьер-министры пресскуыст.
Афтæма сæ хъусинагæй хицауады сæргълæууæг ахуыры процесс æдасæй эпидемиологион нормæтæм æмбæлгæйæ ауадзыны нысаниуæгыл фæныхас кодта æмæ ахурдзаутæн ног ахуырадон аууæлтты æнтыстытæ рарфæ кодта.
Хицауады сæргълæууæг йæ цæст ахаста ногарызт скъолайыл кæцы нымад у 300 ахуыргæнинагыл.
«Арæзтадон куыстытæ нырыккон технологитæм æмæ евростандарттæм æмбæлгæ, экологионæй сыгъдæг æрмæджытæй, ахуырадон æмæ зонадон инфраструктурæйы рæзынады агентад сæххæст кодта. Проекты аргъ 4.5 млн ларийæ фылдæр у. Æхсæнадон скъолайы цы ран 31 адæймаг кусы, ахуыр кæнынц 1398 скъоладзау» – банысангонд у премьер-министры пресс-куысты информацийы.