Гиорги Гахариа хъæу Зеда Сакарайы ногарызт æхсæнадон скъолайы ахуырдзаутимæ æмæ  педагогтимæ фембæлд
Гиорги Гахариа хъæу Зеда Сакарайы ногарызт æхсæнадон скъолайы ахуырдзаутимæ æмæ педагогтимæ фембæлд

Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Гахариа,  ахуырады æмæ  зонæдты  министр Михеил Чхенкелиимæ,   Имереты  регионы  паддзахадон æвджид лæг Звиад Шаламберидзеимæ æмæ   мажоритар  депутат  Бежан Цъакадзеимæ  иумæ, Зестапоны районы хъæу Уæллаг  Сакарайы   ногарызт  æхсæнадон скъолайы ахуырдзаутимæ æмæ  педагогтимæ фембæлдысты.  Инфорамцийы  хуъсын кæны  пермьер-министры   пресскуыст.

Афтæма  сæ  хъусинагæй  хицауады  сæргълæууæг  ахуыры процесс æдасæй  эпидемиологион  нормæтæм æмбæлгæйæ ауадзыны  нысаниуæгыл  фæныхас кодта æмæ   ахурдзаутæн  ног  ахуырадон  аууæлтты   æнтыстытæ рарфæ кодта.

Хицауады сæргълæууæг  йæ цæст ахаста ногарызт скъолайыл кæцы нымад у 300 ахуыргæнинагыл.

«Арæзтадон куыстытæ  нырыккон   технологитæм æмæ  евростандарттæм æмбæлгæ, экологионæй  сыгъдæг  æрмæджытæй,  ахуырадон æмæ  зонадон  инфраструктурæйы рæзынады  агентад   сæххæст кодта.   Проекты  аргъ 4.5 млн   ларийæ  фылдæр у. Æхсæнадон скъолайы  цы ран   31  адæймаг кусы, ахуыр кæнынц 1398 скъоладзау» – банысангонд у  премьер-министры  пресс-куысты информацийы.