Гиорги Гахариа - Гуырдзыстон комкоммæ цымидисджын у, регионы цыфæнды хуызы конфликт, аскуыддзаг уа æрмæстдæр сабырадон бадзырдты фæндагæй
Гуырдзыстон комкоммæ цымидсиджын у, цæмæй цыфæнды хуызы конфликт нæ регионы аскуыддзаг уа æрмæстдæр сабырадон бадзырдты фæндагæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Уæлхох Карабахы уæвæг уавæры ныхасы рæстæджы фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм æгсгæ, Гуырдзыстонæн регионы хæст у сегасдæр стыр риск.
«Нæ сыхы æцæг хæст куы цæуы, уæд Гуырдзыстонæн уый у сегасдæр стыр риск. Кæй зæгъын æй хъæуы, алцыппæт сараздзыстæм, цæй фадат нæм уыдзæн, цæмæй хайбавæрд скæнæм сабырад æрфидар кæныны хъуыддаджы. Ис нын куыд сомихаг æмбæстæгтæ, афтæ – азербайджайнæгтæ дæр. Гуырдзыстон комкоммæ цымидисджын у, цыфæнды хуызы конфликт нæ регионы аскуыддзаг уа, æрмæстдæр сабырадон бадзырдты фæндагæй, æмæ уый тыххæй Цы нæ бон уыдзæн, алцыппæт сараздзыстæм», – райхъусын кодта Гахариа.