Гига Бокъериа ныфс дары, цæмæй оппозицийы æхсæн хъауджы позици нæ уыдзæн
Тест, хæдуынаффæйы æвзæрстытæм бафтауын, махæн нæрайсгæ у. Кæнæ комкоммæ бадзырд хъуамæ уа æмæ æмгъуыдты фæдыл цæттæ стæм ныхас кæнынмæ, кæн плебсицит, цæй зæгъын æй хъæуы – уый фæдыл «Европаг Гуырдзыстоны» лидер Гига Бокъериа райхъусын кодта.
«Политсоветы алы уæнгимæ нын уыдзæн консультаци, фæлæ мæ хъуыды у йæ алчи зонут, цæмæй хæдуынаффæйы фæстиуджытыл бафтауыны тест, раст нæу æмæ йæ раивын хъæуы.Нырма къух ничи бафсдзæнис, нырма процессы стæм. Нырма хицауад не рбацыдис фембæлдмæ æмæ ма чи, цæуыл хъуамæ бафысса къух. Цæй ма нырма байхъусæм «Гуырдзиаг Бæллиццы» дзуаппмæ.
Æнæцыты æмæ æдзæсгомдзинады æнкъарæн фæзынын кодта сæ бирæ архайд æмæ абоны сæ ацы жест дæр, фембæлдмæ кæй не рбацыдысты æмæ дзуапп нæ раттой, документы тыххæй» – загъта Бокериа.
Гига Бокъериа ма ныфс дары, цæмæй оппозицимæ фæнысангонд документмæ гæсгæ æмхуъызон позици уыдзæн.
«Ныфс мæ ис цæмæй ныр нал уыдзæн афтæ, цæмæй оппозицийы бирæ æндæр æмæ æндæр позици фæзына. Афтæ куы æрцæуа уæд уыдзæнис хъауджыдæрдзинад принципон фарстæты фæдыл» – райхъусын кодта Бокъериа.
Абон публикацигонд æрцыд Европаг Советы президент шарль Мишелы ног документ, кæцыйæн йæ нысан у Гуырдзыстоны уæвæг политикон кризисы ифтыгъд суадзын. Иуæй-иу пунктæй, уыцы цауы, кæд æмæ бынæттон æвзæрстытыл Гуырдзиаг Бæллицц, пропорцион æвзæрстыты рæстæджы нæ рымбырд кæндзæн хъæлæсты 43%, бæстæйы уæлрадон парламентон æвзæрстытæ снысан уыдзæн.