Гига Бокъериа - ивгъуыд афон, йæ къуыхцы æмæ æнтыстытимæ, аивгъуыдис, ныр та хъуамæ фидæныл хъуыды кæнын хъæуы
Ивгъуыд афон, йæ æнтыстытимæ æмæ æнæнтыстимæ, баззадис ивгъуыды, ныр хъуамæ хъуыды кæнæм куыд саразæм нæ фидæн – райхъусын кодта «Европаг Гуырдзыстоны» иуæй-иу лидер, Потийы, Хобийы æмæ Сенакъийы мажоритартæм кандидат Гига Бокъериа.
ЙÆ ныхæстæм æгсгæ, зæгъгæ уæззау кризисы æмæ зынфæразæн афоны, растдæр «Европаг Гуырдзыстонæн» ис конкретон пълан, кæцы бæстæйæн æнæмæнггæй æрхæсдзæн фæсæттæн ивддзинæдтæ.
«Зонæм цæмæй хицауад хъуамæ уа уый тыхæхй, цæмæй адæмæн æвзæырн кæна фадæттæ æмæ уавæртæ, кæцыйы йæхи куыстæй фæнды амал кæна сæрмагонд амонд. Абон цы уавæр ис, уый у хуымæтæг æмбæстæгты хардзыл хицауады бюрократтæ куы бонджын кæнынц ахæм – афтæ архайы Иванишвилийы режим æмæ уый у сæйраг фарста, кæцыйы фæсæттын хъæуы. Мах фæныллæг кæндзыстæм фидинæгтæ, срæмæмулкмæ ратдзыстæм исад адæмæн æмæ алкæмæн ратдзыстæм шанс, цæмæй сæрмагонд куыстæй, сæрмагондл хъаруйæ слæууа йæ къæхтыл æмæ амал кæна йæ амонд . Хицауад та йын уыцы æвзæр дыджызæ, кæцыйы нын æнхъары Иванишвилийы хицауад ,уый нæ фæлæ, уа йæ æмбæстæгты æдасдзинад хъахъхъæнæг, æддæ тасæй иргъæвæг .
Цыбырæй зæгъгæйæ, алчи иумæ «Европаг Гуырдзыстоны», уæ разамындæй хъуамæ цæуæм размæ, ностальгийæ фæстæмæ ма хъуамæ кæсæм, уый нымæцы уыдон дæр, чидæриддæр раздæр уыыстæм хицауады, уымæн ивгъуыд афон, йæ æнтыстытимæ æмæ æнæнтыстимæ, баззадис ивгъуыды, ныр хъуамæ хъуыды кæнæм куыд саразæм фидæн. Сымах стут фидæны лидертæ æмæ иумæ æрхæсдзыстæм хуыздæры æрдæм ивддзинæдтæ ацы бæстæйæн» – райхъусын кодта Гига Бокъериа мадзалыл, кæцыйы фæлгæтты «Европаг Гуырдзыстон» парламентон æвзæрстытæм партион номхыгъд бавдыста.