Гидрометеорологийы  департаменты хистæры хæдивæг – Шовы масштабон æрдзытыхон азар  æрцыд, ахæм фæзындтæ  æнæрмæст Гуырдзыстоны, фæлæ ма Дунейы  масштабæй  глобалон  фæхъармæй  расайгæ сты
Гидрометеорологийы департаменты хистæры хæдивæг – Шовы масштабон æрдзытыхон азар æрцыд, ахæм фæзындтæ æнæрмæст Гуырдзыстоны, фæлæ ма Дунейы масштабæй глобалон фæхъармæй расайгæ сты

Æрдзы националон агентады   гидрометеорологийы   департаменты   хистæры  хæдивæг, Ираклий Мегрелидзейы  фидиуæнæй,   ахæм типы   фæзындтæ  æнæрмæст Гуырдзыстоны, фæлæ ма   Дунейы масштабæй   глобалон  фæхъармы  фæстиуæгæн  сæвзæргæ   процесстæ сты.

«Мах стæм стихийы  зонæйы,  тынг масштабон   стихион фæзынд  райрæзт.,  типион  глациалон  лæбырд;  тынг  стыр   гуырахст  сфиксир ис.   Процессты   рагафон   аргълæвæрд  скæнын гæнæн ис,  фæлæ прогноз саразын цæмæй кæм æмæ  кæцы рæстæджы æрцæудзæн, у ый фактонæй,    гæнæн  нæй æмæ уый зæгъын никæмæн у йæ бон.  Ахæм типы фæзынд   бирæ  дæсой азты  дæргъы  Гуырдзыстоны  не  сфиксир ис, тынг  масштабон  стихион фæзынд уыд, бирæ  фылдæр Девдоракæйы,  афтæма Местиа-Чъалайæ.   Хъыгагæн,  райстам ахæм фæстиуæг.  Стихийы  зонæйы  цæуынц  ликвидацион   куыстытæ æмæ   агурæн мадзæлттæ.

Ацы  этапыл   комы   уый хуызæн процессты  сфæлхатты  тас æмæ риск   минималон у, уымæн æмæ стыр гуырахст   рацыд;  фæлæ  уый  нæ нысан кæны, цæмæй тас   бынтон нæй, уымæн æмæ нын ис  бирæ цъити: Тбилисы   цъити, Бубайы  цъити,  Чъанчъахы   ком; бирæ рæтты  ис  гæнæн   ахæм типы фæзынд  сæвзæра æмæ уымæй фæдзæхст  не стæм  æнæрмæст Рачъайы  регионы, уый гæнæн ис уа  Сванет, Хъазбег, уымæн æмæ куыд  банысан кодтон афтæмæй,   климаты ивды æмæ глобалон фæхъармы  фæдыл   равзæрынц  ахæм типы процесстæ», – райхъусын кодта  Ираклий Мегрелидзе.