Германийы Гуырдзыстоны минæварад немыцаг телекъаналмæ Абхазы тыххæй  зыгъуыммæгонд сюжеты тыххæй  фыстæг арвыста
Германийы Гуырдзыстоны минæварад немыцаг телекъаналмæ Абхазы тыххæй зыгъуыммæгонд сюжеты тыххæй фыстæг арвыста

Германийы  Гуырдзыстоны минæварад   немыцаг  телекъаналмæ   Абхазы тыххæй  зыгъуыммæгонд  сюжеты  тыххæй  фыстæг арвыста.  Уый фæдыл  дипломативон миссийы ахæлиугонд  фидиуæны у банысангонд.

«Хъусын уын кæнæм, цæмæй  Гуырдзыстоны минæварад Германийы  Федерацион Республикæйы  æмбæлон регирдзинад ракодта  21  июлы  Германийы  Æхсæнадон Телеуынынады  фыццаг  къаналыл  ацæугæ  сюжетмæ «Абхаз – синагæй дæлæмæ змæлд советон кæлддзæгтыл» гæсгæ.  Историон  фактыты  фæзыгъуыммæ кæныны тыххæй,  официалон  фыстæг  æрвыст æрцыд  Германийы  Æхсæнадон Телеуынынады  къухдариуæгадмæ æмæ  репортажы  автормæ.  Фыстæджы бацамынд æрцыд  цæмæй  с.жеты  фæзыгъуыммæгонд сты историон   фактытæ  æмæ   оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл-Абхазы – уæвæг уавæр  нæу  æмбæлонæй  æвдыст.

Гуырдзыстоны минæварад  лæмбынæг йæ хъус дары  немыцаг медийы   Гуырдзыстоны тыххæй  ахæлиугонд информацимæ æмæ  хъæугæ  цауы, райсы æмбæлон  мадзæлттæ»- банысангонд у  фидиуæны.

Германийы  ÆхсæнадонТелеуынынады  Фыццаг Къаналыл  ацæугæ  сюжетмæ гæсгæ информаци, сæрыфыццагæй  социалон  хызагы ахæлиу ис. Гуырдзыстоны  минæварад  æмбæстæгтæм  хъусдард æмæ цырддзастдзинады тыххæй  бузныг дзуры.