Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр – никуыуал баууæнддзыстæм Путины ныфсæвæрдтыл
Германийы фæсарæн хъуыддæгты министры фидиуæнæй, сабырадимæ баст Уæрæсейы бавдыст домæнтæ гæнæн ис Европæйы ног хæст сцырын кæной.
Фæнысангонд фæдыл Аналена Бербок фехуъсын кодта медиимæ интервьюйы.
ЙÆ дзырдæй, зæгъгæ Владимир Путин ныгуылæны сабырады бонвæтк фехæлдта,у ый тыххæй ацы æбуалгъ бырст ныхкъуырд скæнынæн æнæмæнгхъæугæ у Украинайæн баххуыс кæнын æмæ фидæн бырстытæй хихъахъхъæнын.
«Нæ нысан у сабырдзинад адæмæн Украинайы, махæн æмæ нæ хъææбултæн. Ам дзурæм æнæ рмæст хæсты нæуæвыныл, фæлæ ма сæрибар царды æдасдзинадыл. Фæлæ сабырадон бонвæтк, кæцы нын уыд Евроæпйы, Путин скуынæг кодта. 24 февралмæ цы уыдис уый фæстæмæ æрыздахын гæнæн нал ис нæкæсгæ уымæ фæнды æви нæ.Мах никуыуал баууæнддзыстæм путины ныфсæвæрдтыл» – райхъусын кодта Бербок.
Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр афтæдæр кооментари сарызта Уæрæсейæн санкцитæ сыхалыны домæнты фæдыл.
«Æхст фæурдæ гæнæн ис бауа фыццаг къахдзæф. Махæн бæрæг у, цæмæй санкцитæ аивын гæнæн ис æрмæст уыцы цауы, кæд Уæрæсе йæ æфсад акæндзæни. Сабырдзинад Уæрæсейы доментыл æнцойæ, æдадсзинад не рхæсдзæн нæдæр Украинайæн æмæ нæдæр махæн Европæйы, уый уыдзæн ног хæстмæ хонæн – æмæ нæ арæнтæм ноджы хæстæгдæр» – загхта министр.