Германийы Бундестаг Фридрих Мерцы канцлерæй сфидар кодта
Германийы Бундестаг Фридрих Мерцы канцлерæй сфидар кодта

Германийы Бундестаг йæ дыккаг бафæлвæрдæй 325 хъæлæсæй 289 хъæлæсы ныхмæ рахæцыд Фридрих Мерцы кандидатурæйæн канцлеры бынатмæ.

Иу депутат хъæлæсæппæрстæй йæхи баурæдта, æртæ хъæлæсы та нымад æрцыдысты æнæрастыл.

Бундестагы фыццаг хъæлæсæппæрсты Фридрих Мерцæн нæ бантыст райсын 316 хъæлæсы, кæцытæ хъуыд канцлер суæвынæн. Уымæн нæ фаг кодта æхсæз депутаты фарсхæцынад.

Уæ информацийæн, февралы мæйы Германийы æмгъуыдæй раздæр парламентон æвзæрстыты фæуæлахиз сты Фридрих Мерцы чырыстон-демокративон цæдисы консервативон блок æмæ Чырыстон социалон цæдис. Апрелы мæйы сразы сты социал-демократон партиимæ хицаугæнæг коалици саразыныл.