Фридрих Мерц – Украинæ цæттæ у уæвæг фронты бындурыл территорион фарстатыл æруынаффæ кæна, фæлæ оккупацигонд украинаг территориты юридикон банымад æнæрайсгæ у
Фридрих Мерц – Украинæ цæттæ у уæвæг фронты бындурыл территорион фарстатыл æруынаффæ кæна, фæлæ оккупацигонд украинаг территориты юридикон банымад æнæрайсгæ у

Германийы канцлер Фридрих Мерц Аляскæйы Владимир Путин æмæ Дональд Трампы фембæлдыл Европæ æмæ Украинайы æдасдзинады интерестæ хъуамæ хъахъхъæд æрцæуой расидтис.

Уый фæдыл Германийы канцлер Берлины Украинæйы президентимæ иумæйаг пресс-конференцийыл расидтис, кæцы АИШ-ы æмæ Украинайы президентты, афтæ дæр Европæйы лидерты виртуалон саммиты фæстæ сырæзт.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, европæйæгтæ алы гæнæн дæр аразынц, цæмæй «баххуыс кæной боны фæтк снысан кæнынæн» АИШ æмæ Уæрæсейы президентты æхсæн фидæн фембæлдæн.

Германийы канцлеры расидæнмæ гæсгæ, АИШ-ы президент æмæ НАТО-йы генералон нымæрдар 15-æм августы плангонд фембæлды параметртыл фæныхас кодтой.

«Европæ æмæ Украинæйы æдасдзинады интерестæ хъуамæ хъахъхъæд æрцæуой Аляскæйы» – райхъусын кодта Фридрих Мерц.

Уый афтæдæр расидтис, цæмæй йæ ныфс ис, цæмæй Дональд Трампæн Аляскæйы саммиты бантысдзæн.

Германийы хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта афтæмæй, фыццаг æнæмæнгхъæугæ у æхсты фæурæды фæдыл бадзырд æмæ уый фæстæ дæргъвæтин æмгъуыдмæ сабырады фæдыл бадзырд бафыссын.

Германийы канцлер банысан кодта, цæмæй Украинæ цæттæ у уæвæг фронты хаххы бындурыл территорион фарстатыл æруынаффæ кæнынмæ, фæлæ Уæрæсейы æрдыгæй оккупацигонд украинаг териториты юридикон банымад æнæрайсгæ у.

Германийы канцлер афтæдæр расидтис, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у Украинæйæн фидар æдасдзинады гарантитæ раттын, цæмæй Украинайы суверенитет хъахъхъæд уа.

Уый ма загъта, зæгъгæ, кæд æмæ сабырады фæндагыл прогресс нæ уыдзæн, уæд Европæ æмæ АИШ фæфылдæр кæндзысты æндæвдад Путиныл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Дональд Трамп ацы позициимæ зоны æмæ уыимæ разы у.