Гъазæйы секторы арæнгæрон Израилы æфсæддæттæ палестинæгтыл æхст райдыдтой
Гъазæйы секторы арæнгæрон Израилы æфсæддæттæ палестинæгтыл æхст райдыдтой. Палестинæйы администрацийы æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, æхсты фæстиуæгæн 20 адæймаг фæцæф сты. Йерусалемы АИШ_ы минæварады байгомы онг, Израилы арæнгæрон цалдæр мин палестинаг протестон акцийы аразынц. Цалдæр дæсой палестинаг, кæцытæ æдасдзинады æмбонды иннæ фарс лæууæг израилаг æфсæддæттыл дуртæ æхстой, арæйнон сисмæ хæстæг бацæуын æмæ Израилы кантролгонд территоримæ бахизын бафæлвардтой.
Израилы дзурынц, цæмæй арæныл ахизыны æнæзакъонон архайды, цыфæнды амæлттæй фæуромдзысты. Сæхи æрдгæй палестинæгтæ хъусын кæнынц, цæмæй территорийы никуы фæбардзысты.
Гъазæйы секторы цæрджыты фылдæр 1948 азы хæсты рæстæджы лигъдæтты байзæддаг сты.