Гъазæйы секторы арæнгæрон Израилы æфсæддæттæ палестинæгтыл æхст райдыдтой
Гъазæйы секторы арæнгæрон Израилы  æфсæддæттæ   палестинæгтыл  æхст райдыдтой

Гъазæйы секторы арæнгæрон   Израилы  æфсæддæттæ   палестинæгтыл  æхст райдыдтой.  Палестинæйы   администрацийы  æнæнизхъахъхъæды   министрады  информацийæ,   æхсты фæстиуæгæн  20  адæймаг  фæцæф сты. Йерусалемы  АИШ_ы  минæварады байгомы онг,   Израилы  арæнгæрон   цалдæр мин   палестинаг  протестон акцийы аразынц.  Цалдæр  дæсой  палестинаг, кæцытæ  æдасдзинады æмбонды иннæ  фарс   лæууæг израилаг  æфсæддæттыл дуртæ æхстой,  арæйнон  сисмæ  хæстæг бацæуын  æмæ   Израилы кантролгонд  территоримæ  бахизын бафæлвардтой.

Израилы  дзурынц, цæмæй   арæныл ахизыны   æнæзакъонон   архайды, цыфæнды  амæлттæй  фæуромдзысты.   Сæхи æрдгæй  палестинæгтæ хъусын кæнынц, цæмæй   территорийы  никуы фæбардзысты.

Гъазæйы  секторы  цæрджыты фылдæр  1948 азы  хæсты рæстæджы лигъдæтты   байзæддаг сты.