Израилы хъахъхъæнынады тыхты спикер – Этапгай ауæрæхдæр кæндзыстæм  сурзæххон  архæйдтытæ  æмæ тыхты нымæц  Газæйы секторы
Израилы хъахъхъæнынады тыхты спикер – Этапгай ауæрæхдæр кæндзыстæм сурзæххон архæйдтытæ æмæ тыхты нымæц Газæйы секторы

Израилы  хъахъхъæнынады тыхты спикеры, Даниел  Хагары   æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  æхсæвы  дæргъы Газæйы секторы  Израилы хъахъхъæнынады  тыты нымæц райрæзтис.

«Уыдон баиу сты  уым ныридæгæн  хæцæг тыхтæм.  Этапгай  ауæрæх кæндзыстæм  сурзæххон  архæйдтытæ  æмæ нæ тыхты  нымæц Газæйы  сукторы» – банысан кодта Хагар.

Уыимæ  Хъахъхъæнынады тыхты спикер  ма бафтыдта, цæмæй  сурзæххон  операци  хæссы бæрæг  рискытæ  Израилы тытæн дæр.

«Алцыппæт сараздзыстæм уæлдæфæй,  денджызæй æмæ сурзæххæй  нæ тыхты æдасдзинадæн  æмæ хæсты  нысæнттæм баххæссынæн» – дзуры Даниел Хагар.