Газæйы быцæудзинады рæстæджы Израилы спецназ фæмард кодта номдзыд палестинаг активисты
Иорданы ныгуылæн донбылыл æмæ Газæйы секторы быцæудзинæдты амæттаг фесты цыппар палестинаг, 160 та фæцæф сты. Фæмардуæджыты нымæцы ис номдзыд активист,Ибраим Абу Тарай – амалхъомдзинад цух уæнг, кæцы цалдæр аз у Палестинæйы хæдбардзинады тыххæй змæлды уыд баст.
Абу Тарай йæ къабæзтæ фесæфта 2088 азы Израилы сæххæст авиабырсты рæстæджы.
Палестинаг адвинистрацийы кантролгонд территориты æмæ Скæсæн Йерусалемы быцæудзинæдтæ 8-æм бон у цы даргъ кæнынц. Змæстытæ райдыдтой Дональд Трамп Израилы сæйраг сахарæй Йерусалемы кæй банымадта уый фæстæ.
Фæстаг бонты мидæг, Израилы спецназы æмæ Палестинаг активистты æхсæн, быцæудзинæдты фæстиуæгæн 2000-ы онг адæймаг фæцæф, 100-йы онг активисты та ахст æрцыдысты.