Гасан Халил – Ахуырады министрад сараздзæн кусæн къорд, кæцы скъолаты хæлцады фарстатыл бакусдзæн конкретон план
Абонæй кусын райдайдзæн æхсæнминистрадон къорд кæцы бакусдзæни конкретон план æмæ йæ сыххæст кæндзæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны ИНО-йы Сабион фонды минæвар Гассан Халил иуæймагрухсадон уагдæтты скъоладзауты æнæфидгæ хæлцады моделы фæдыл райхъусын кодта.
«Абоны бонæй нырид кусын райдыдта æхсæнминистрадон къорд, кæцы бакусдзæнис конкретон план æмæ йæ сыххæст кæндзæн. Скъолаты хæцады программæйы уæлидзинады тыххæй куы зæгъæм, уæд фыццаджы дæр уый у, цæмæй уый ахъаззаг уыдзæн сабитæн скъолайы баззайын, уыдоны скъхоламæ цыдæн къухаразæг. Скъолаты хæлцад афтæдæр сын афтæдæр фæхуыздæр кæндзæн сæ фадæттæ, ахуырмæ цæттæдзинад, социалон эффект уыдзæн афтæдæр, уымæн æмæ сывæллæттæ иумæ куы сихор кæнынц, уæд цæуы кæрæдзиммæ социализаци. Цæй зæгъын æй хъæуы, уый хъуамæ цæуа дистанци æмæ æдасдзинад хъахъъхæнгæйæ, афтæма, ахсджиаг у, бынæттон экономикæ рапарахат кæнын, бынæттон фермертæй сæ продукцийы реализацийы базар. Вæццæгæн æй хъуамæ уа сезонон дыргъ, кæнæ хъæууон хæдзарады продукттæ» – банысан кодта Гасан Халил.