ИНО-йы Сабион Фонд публикаци кæны фидиуæн – Гуырдзыстоны æхсæнадон тыгъдæдтæ æмæ горæттæ  сывæллæттæн æдас  хъуамæ уа
ИНО-йы Сабион Фонд публикаци кæны фидиуæн – Гуырдзыстоны æхсæнадон тыгъдæдтæ æмæ горæттæ сывæллæттæн æдас хъуамæ уа

ИНО-йы  сабион  фонд Гуырдзыстоны æхсæнадон тыгъдæдты  уæвæг сабиты  æдадсзинады мадзæлтты фæдыл  фидиуæн публикаци кæны.

ИНО-йы Сабион фонды фидиуæнæй,   Вакейы паркы  æрцæугæ  трагеди, хъусдард  цырын кæны  æхсæнадон  тыгъдæдты æдадсзинады уæвæг нормæты æмæ стандарттæм  Тбилисы, афтæмæ Гуырдзыстоны æндæр горæтты æмæ  цæрæн рæтты, цы  ран  сывæллæттæм  гæнæн ис бартхъирæн кæна тас.

Гуырдзыстоны  ИНО-йы  Сабион Фонды  минæвар Гасан  Халилы  фидиуæнæй,   зæгъгæ ИНО-йы  Сабион фонд  сиды  нациоанлон æмæ бынæттон   хицауадмæ, сæрмгаонд бæрны фæлгæтты, специалисттимæ æмбæстагон дзыллæимæ æмæ хицæн секторимæ координацигондæй,   саразæт алцыппæт, цæмæй  сифтонг кæнæт  сабиты æдасдзинады æхсæнадон  тыгъдæдты æмæ  йæ къух саразæт   сывæллæтты  фервæзын кæныны, хъазты,  улæфты æмæ  райрæзты  бартæ хъахъхъæдан.

«Ацы трагикон   цауйы фæдыл  хъæуы æмбæлгæ хатдзæг скæнын. Лæмбынæг  хъуамæ  бацахуыр кæнæм   æдасдзинады  мадзæлттæ   уæвæг   æхсæнадон  тыгъдæдты  æмæ арызт уа  ног тыгъдадтæ  сывæллæттæн мбæлгæ  принциптæм  гæсгæйæ.  Ахæм трагеди цæмæй  мауал сфæлхатт уа, Гуырдзыстоны  горæттæ  сабиты хъæуындзинæдтæ æмæ æдадсзинадæн  æмбæлон хъуамæ уа», –   банысан кодта  Гасан Халил.