«Гардиан» - Брекситы æмгъуыд гæнæн ис дыууæ азæй ахæцой
«Гардиан» -  Брекситы æмгъуыд гæнæн ис  дыууæ азæй  ахæцой

 

Бритайнаг рауагъдад  «Гардианы» информацийæ,  кæд æмбæлдон   æркуырдæй  Лондон  Брюссельмæ  баздæхдзæн,   уæд зæгъгæ Евроцæдис цæттæ  у  Брексит  2021  азмæ  ахæца.

Абоны  уавæрæй,   Иугонд Паддзахад  Евроцæдис  2019 азы  29  марты онг хъуамæ ныууадза, цæй фæстæ дæр  хъуамæ  райдайа  21  мæййон а.х.   хизгæ  период.

«Гардиан»  куыд  хъусын кæны  афтæмæй,   Брекситы  2021 азмæ ахæцыны  фарсхæцджытæ  сты  Европаг советы   президент Дональд Туск æмæ  генералон нымæрдар  Мартин Зелмайр.

Уæдмæ  та  Стыр Британийы  премьер министр райхъусын кодта,  цæмæй зæгъгæ  Иугонд Паддзахады  парламент   Брекситы фæдыл   кæронбæттæн уынаффæ  12-æм марты  онг  рахæсдзæн.  23  февралы  бритайнаг  депутатты   хай райхъусын кодтой, цæмæй  кæд Тереза Мейы  парламентмæ  бавдыст   Брекситы план,  æмбæлгæ  фарсхæцынад нæ райсдзæн, уæд  зæгъгæ  Брексит æмгъуыд хъуамæ ахæцой.