«Гардиан» -  Днестргæрон сепаратистон хицауад террористон  азары бæрзонддæр æмвæзады тыххæй райхъусын кодта
«Гардиан» - Днестргæрон сепаратистон хицауад террористон азары бæрзонддæр æмвæзады тыххæй райхъусын кодта

Днестргæрон сепаратистон   хицауад  террористон азары  бæрзонддæр æмвæзады  тыххæй   райхъусын кодта. «Гардиан» фиссы, цæмæй  сепаратистон хицауады  барамындæй,   Молдовæйы  регионы  цалдæр горæты  бацæуæнты  блок-постытæ  сывæрдтой. Дзырдæуы уыцы горæттыл, цы ран фæстаг  дыууæ боны дæргъы   цалдæр  стынд æрцыд  æмæ  хъуыстис æхстыты  зæл.

Фæнысангонд  уынаффæ  рахастой, регионы  а.х. æдадсзинады  совет куы ахæлиу кодта хъусинаг  «террористон акты» фæдыл, кæцы Тирасполмæ хæстæг æфсæддон базæйыл æрцыд.

Уæдмæ ахæлиу ис  хъусинаг, ома  хъæу Маякы  спырх кодтой  советон рæстæджы  уагъд  дыууæ радио мæсыггонд.

Банысан кæнын хæъуы, цæмæй Молдовæйы  Днестгæрон  регион у  Украинайы арæнгæрон. Ацы рæгионы  инциденттæ уый фæстæ æрцыд, Уæрæсейы официалон уæнгтæ  куы райхъусын кодта, цæмæй  Украинайы   хуссар хайы  бацахсыны цауы, сырæздзæни  Днестргæронимæ иугæнæн кæлидор.