Бритайнаг рауагъдад «Гардианы» информацийæ, кæд æмбæлдон æркуырдæй Лондон Брюссельмæ баздæхдзæн, уæд зæгъгæ Евроцæдис цæттæ у Брексит 2021 азмæ ахæца.
Абоны уавæрæй, Иугонд Паддзахад Евроцæдис 2019 азы 29 марты онг хъуамæ ныууадза, цæй фæстæ дæр хъуамæ райдайа 21 мæййон а.х. хизгæ период.
«Гардиан» куыд хъусын кæны афтæмæй, Брекситы 2021 азмæ ахæцыны фарсхæцджытæ сты Европаг советы президент Дональд Туск æмæ генералон нымæрдар Мартин Зелмайр.
Уæдмæ та Стыр Британийы премьер министр райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ Иугонд Паддзахады парламент Брекситы фæдыл кæронбæттæн уынаффæ 12-æм марты онг рахæсдзæн. 23 февралы бритайнаг депутатты хай райхъусын кодтой, цæмæй кæд Тереза Мейы парламентмæ бавдыст Брекситы план, æмбæлгæ фарсхæцынад нæ райсдзæн, уæд зæгъгæ Брексит æмгъуыд хъуамæ ахæцой.