Гаагæйы тæрхондоны сæйраг прокуррор, августы хæсты хъуыддагыл æртæ гоймагы æрцахсты ордертæ æркуырдта
Гаагæйы тæрхондоны сæйраг прокуррор Карим Хан 2008 азы сыххæст хæстон фыдракæнды тыххæй, Михаил Миндзаевы, Гучмазов Гамлеты æмæ Санахъоты Дауыты æрцахсты домы ордер.
Гаагæйы тæрхондоны сæйраг прокурроры офисы ахæлиугонд пресс-релизы куыд у фыст афтæмæй, фæнысангонд уæнгтæ 2008 азы 8-æй 27 августы онг периоды, ахæм фыдаркæндтæ сæххæст кодтой: сæрибардзинад æнæзакононæй сæмбонд кæны, хъизæмар, æнæдаæймагон ахаст, джелбетт бафхæрд, уацары скæнын æмæ алæвæрд.
Дзырæдуы ацы уангтыл – Михаил Миндзаев 2005 азæй 2008 азы октябры онг, а.х. Хуссар Ирыстоны «Мидхъуыддæгты министр уыд». Гучмазов Гамлет, а.х. Хуссар Ирыстоны «мидхъуыддæгты министрады» развæлгъау ахсты изоляторы хистæр уыд, Санахъоты Дауыт та, а.х. Хуссар Ирыстоны «президенты» минæвар, адæймаджы барты хъахъхъæды фарстаты.
«Мæ куырдиат фæнысангонд уæнгты æцахсты ордер раттыны фæдыл конкретонæй æххæссы сæрибардзинад сæмбонд кæныны, æнæадæймагон ахасты, уацары скæнын æмæ стæй этникон гуырдзиаг гражданон уæнгты æнæзаконон аласыны факттæм Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй оккупацийы контексты. Фæдагуырдæй афтæдæр сбæрæг ис, Уæрæсейы гарзджын тыхты инæлар –майор Вячеслав Борисовы æнхъæлцау роль, кæцы барæй йæ къух арызта фыдракæнд сæххæстæн. Борисов нырид мард у.
Æрцæгæйы рæстæджы, Хуссар Ирытсоны цæрæг гуырдзыйаг граждайнаг уæнгты фылдæр алыгъдысты Гуырдзыстоны контролгонд территоримæ. Гуырдзыстоны гарзджын тыхты Хуссар Ирыстонæй куы феддæмæ кодтой уый фæстæ, уырыссаг æмæ фыццаджы дæр, Хуссар Ирыстойнаг æфсæддон тыхтæ райдыдтой гуырдзиаг сабыр æмбæстæгты ахсын. Сæ фылдæр уыдысты карджын æмæ уæззау низджын уæнгтæ, кæцытæн нæ уыд сæ бон æмæ сæ нæ фæндыд хæдзæрттæй сыстын æмæ ныууадзын. Уыдон сын нæ бавдыстой ахсты фæдыл аххосæгтæ æмæ нæдæр процессуалон бартæ уыд хъахъхъæд. Бæлвырдгæнæнтæй сбæрæг ис, цæмæй ацы адæймæгтæн сæ фылдæр дарттой антисанитарийы æмæ æнæниздзинадæн тæссаг уавæрты. Уыдоны æфхæрдтой, надтой сæ, æмæ хъизæмарæй мардтой.
Кæд рагтæрхонон палатæ мæ куырдиатимæ сразы уыдзæн, æнгом æмкуыст кæндзынæн нымрдарадимæ ацы æртæ гоймагы æрцахсынæн. Фидæнмæ ныфс дарын, цæмæй алы падздахадтæ сразы уыдзысты, сæрмагондæй Ромы статусы хайадисджытæ, цæмæй ацы гоймæгтæ дзуаппмæ лæвæрд æрцæуæд æхсæнадæмон тугтæрхоны барады тæрхондоны», – дзырдæуы Гаагæйы тæрхондоны сæйраг прокурроры фидиуæны.
Прексс-релизы дзырд ис, цæмæй Миндзаевы, Гучмазовы æмæ Санакоевы æрцахсын æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй нæмæнгæй сæххæст тæрхондонмæ сæ бацыд æмæ тæссаг ма уой фæдагуырдæн, кæнæ тæрхонон хъусыны процессæн.
Афтæма ацы фидиуæны дзырдæуы, цæмæй прокурроры офис, «уагахасты аналогион модел» сфиксир кодта Украинайы уавæры развæлгъау бацахуыры рæстæджы дæр.
Тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны, Гуырдзыстоны 2008 азы конфликты рæстæджы æрцæугæ фыдракæндтыл фæдагуырд 2016 азы 27 январы райдыдта.