Фысымуат «Параграфы» цур змæлд «Сирцхвилиайы» организацигондæй цæуы протестон акци
Тбилисы фысымуат «Параграфы» цур змæлд «Сирцхвилиайы» организацигондæй цæуы акци. Параллелонæй фысымуаты цæуы мадзал, кæцы Азийы райрæзты банкъы (ADB) 57-æм афæдзон фембæлды фæлгæтты уадзынц.
Акцийы иуæй-иу организацигæнæг Ана Кавтарадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, сæ фæнд мадзалы хайадисджытæн фехъусын кæной сæ хъæлæс æмæ спротест кæной «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъон.
«20 бонæй фылдæр у цæуынц протестон акцитæ, кæцыты нысан у, куыд хицауадæн, «Картули Оцнебайæн», афтæ, æхсæнадæмон дзыллæйæн базонын кæнæм, цæмæй нæ политикон къурс, Гуырдзыстоны къурсмæ æртхъирæн кæны ахар, сындæггай иуварс кæны Евроцæдисæй æмæ ныгуылæнæй, æмæ хæстæг кæны Уæрæсемæ. Абоны æмбырд-перфомансы нысан у, фылдæр фехъусын кæнæм æхсæнадæмон хæлæрттæн. Гуырдзыстоны стыр делегатты къорд ис æмæ уадзынц æртæбонон конференци. Нæ хъуыдымæ гæсгæйæ, нысаниуæгджын у, зоной, кæйимæ иумæ бадынц фынгыл ацы бонты дæргъы, кæйимæ ныхас кæнынц æмæ сæ æркурæм, сæхи дард айсæт уырыссаг хицауадæй, æрсидæт сæм, фæстæмæ ахæссæд уырыссаг закъон. Æрмæст уый нæу нысан, хъуамæ æдбын схафæм хицауады цыфæнды архайд, кæцы ны ахæстæг кæндзæн Уæрæсемæ. Нæ ал акцитæ сты сабырдон, уый тыххæй сабырадон хайадисджытæ лæууынц ам» – райхъусын кодта Ана Кавтарадзе.
Бынатыл мобилизацигонд сты барадхъахъхъæнджытæ.