Фыдракæндæй  æвдæлон  æдас бæстæты индексмæ гæсгæ, Гуырдзыстон   дунейы   133 бæстæйы æхсæн  4-æм, Европæйы  масштабæй  та  фыццаг бынатыл ис
Фыдракæндæй æвдæлон æдас бæстæты индексмæ гæсгæ, Гуырдзыстон дунейы 133 бæстæйы æхсæн 4-æм, Европæйы масштабæй та фыццаг бынатыл ис

Фыдракæндæй  æвдæлон  æдас бæстæты индексмæ гæсгæ, Гуырдзыстон   дунейы   133 бæстæйы æхсæн  4-æм, Европæйы  масштабæй  та  фыццаг бынатыл ис – уый фæдыл  информцийы  хъусын кæны  Дунейы бæрæггæнæнты сегасдæр стыр базæ «Нумбео».

Базæ  кæцыйы бæрæггæнæнтæ  цæугæ мæйы  ранæуæг сты,  хъусын кæны, цæмæй  Гуырдзыстоны,  фыдракæнды  æмвæзад тынг  ныллæг у.

Фыдракæнды æмвæзад сбæрæг кæнынæн,  бæрæггæнæнты  базæ  пайда кæны  ахæм æрдæмадтæй,  цахæмдæр сты:  хæдзæртты къæрныхдзинад æмæ  мигæнæнты  давын,  хæдтулгæты давын, хæдтулгæты  стъигъын, лæбурды  тас,  æфхæрды  тас, физикъон бырсты тас, сæрмæмулкъы  давын кæнæ вандализм, тыхмион фыдракæнд, афтæдæр коррупци  æмæ гæртам.

Дунейы 133 бæстæйы  æхсæн фæнысангонд индексæй Гуырдзыстонæй уæлдæр лæууынц æрмæстдæр Катар, Тайвань æмæ Арабты Иугонд Эмираттæ. Æппынфæстаг бынатыл та сты  Хуссар Африкæйы  Рсепубликæ, Папуа Ног Гвинея æмæ Венесуэла.