Фыццаг каналы къорды – журналист Саломе Кокиашвилийы, оператор Заза Шукванийы æмæ техникъ Леван гулбанийы, Киевмæ нæ бауагъдтой.
Арæнхъахъхæнджытæ Борисполы аэропорты Фыццаг Каналы исæг къорды абон сæумæрайсом цалдæр сахат баурæдтой, ныхасы фæстæ та сæ, бæстæмæ нал бауагътой.
«Ахастой паспортытæ, цæй æфсонæй уый нæ зонæм, цæмæн нæ нал бауагътой. Æрмæст нын загътой – нæзагъд дам æрцыд. Документтыл къух нæ бафыстам, кæцы украинаг æвзагыл сты æмæ махæн æнæмбаргæ у. Æркуырдтам бамбарын нын кордтаиккой цæмæн афтæ æрцыд фæлæ ууыл дæр назагъд райстам. Куы ныттахтыстæм, мæн æмæ операторы бауагътой, инженеры та баурæдтой, цæй фæстæ дæр нæм фæдзырдтой æмæ нæ раздæхтой» – хъусын кæны Фыццаг Каналы журналист Саломе Кокиашвили.