Фыццаг Каналы æмæ падзахадон æвзаджы департаменты минæвæрттæ, ныхасы æвзаг фæхуыздæры фæдыл фембæлд  ауагъдтой
Фыццаг Каналы æмæ падзахадон æвзаджы департаменты минæвæрттæ, ныхасы æвзаг фæхуыздæры фæдыл фембæлд ауагъдтой

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы æмæ паддзахадон æвзаджы департаменты  минæвæрттæ   ныхасы æвзаджы  фæхуыздæры  фæдыл  абон фыццаг фембæлд  ауагъдтой.

Фембæлды  нысан уыд  медиайы  æрфидаргонд  типикон  рæдыдтыты,  барбаризмты гуырдзиаг аналогтæй  фæивын æмæ   гуырдзиаг æвзаджы ноджы фылдæр   популяризаци.

Фембæлдыл Каналы   къухдариуæгад, падздзахадон æвзаджы  департаменты минæвæрттимæ иумæ  æндæр æмæ æндæр  информацион æмæ ахуырадон   активондзинæдтæ  сплан кодта.

Ацы фарстамæ гæсгæ  Фыццаг Каналы æмæ паддзахадон æвзаджы   департаменты æхсæн  меморадум бафыссын план кæны.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  генералон директор Тинатин Бердзенишвилийы  дзырдæй,   фембæлдыл   фæныхас кодтой,  цас нысаниуæгджын у   гуырдзиаг æвзаг бахъахъхъæнын,  сæрмагондæй  та  медиатыгъдады  æмæ Æхсæнадон Уацхæссæджы  алы  платформæйыл.

«Фæныхас  кодтам    формæтыл æмæ  амæлттыл, куыд гæнæн ис   сæрмагондæй  ног  фæлтæрæн химæласæг уа  ай æппæт. Нæ  хъавæм ахæм терминтæ раивын, кæцытæ  нырид æрфидар сты, фæлæ уыцы æнæраст  формæтыл, кæцытæ гæнæн ис   æвзагæн знаггадгæнæг  уа, æнæмæнгæй  уыдзæн хъусдард. Нысаниуæгджын у, цæмæй   сæрмагондæй  медиатыгъдады, афтæма  «Телескъолайы»   Каналыл, æмбæлгæ формæйæ  бадæттæм   ай æппæт  æмæ растдæр ацы  куыстытæ райдаын хъавæм», – райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.

Паддзахадон æвзаджы  департаменты сæрдар Гиорги Алибегашвили  банысан кодта, цæмæй  паддзахадон   æвзагыл аудын хъæуы,   хъæуы базилын йæм  æмæ медиафæрæз  ацы æрдгæй   нысаниуæгджын рол æххæст кæны.

«Райгонд уыдзыстæм, кæд æмæ Фыццаг Уацхæссæгон Канал  суыдзæн   æндæртæн   цæвиттон, ома гуырдзиагау дзæбæх  дзурын  скæнæм престижон. Растдæр уымæн нывонд уыдзæн  нæ фидæны меморандум», –  райхъусын кодта  Гиорги Алибегашвили.