Фыццаг Каналы æмæ Гуырдзыстоны Радиойы разæвзарæнон медиамониторингы хыгъдлæвæрд [Фыццаг сентябр - 30 октябр]
Фыццаг Каналы æмæ Гуырдзыстоны Радиойы информацион æмæ æхсæнадон-политикон æрдæмадты алæвæрдты æппæтон мониторинг фыццаг сентябрæй цæуы æмæ йæ нысан у мониторингы субъекттæн рахицæнгонд рæстæгы бæрц бахыгъд кæнын.
Нысаниуæгджын у, цæмæй мониторинг æххæст цæуы спецалонæй арызт программæйæ, алы ныффыстыл теле-алæвæрд/сюжеты дæнц (веб-адрис) бавдисгæйæ.
Нырид публикацигонд æрцыд мониторингы хыгъдлæвæрдтæ, ацы хатт уын равдисдзыстæм Фыццаг Каналы æмæ Гуырдзыстоны радиойы разæвзарæнон медиамониторингы æххæст хыгъдлæвæрд фыццаг сентябрæй 30 октябр хынцгæйæ. Хыгъдлæвæрд афтæдæр æххæссы Фыццаг Каналыл рухсгонд субъектты мониторингмæ æрдмæ гæсгæйæ æмæ æвзарæнон субъекттæ цы æнæфидгæ рекламон рæстæгæй сфæлхас кодтой, уый мониторинг Фыццаг Каналыл æмæ Гуырдзыстоны Радиойы.
Мониторингы фæстиуджытæ æвдисынц Æхсæнадон Уацхæссæджы редакцион политикæйы сæйраг тенденцитæ:
- Информацион программæты æвзарæнон субъекттæ срухс вæййынц сæ активондзинадмæ æмбæлгæйæ;
- Аналитикон алæвæрдты æмæ ток-шоуты хъусдард фылдæр здæхт цæуы уыцы партиты срухс кæныны рдæм, кæцытæ поляризацигонд æвзарæнон æмæ медиа-æрдзы уавæрты æвзæрстгæнджыты хъусдардæй цух баззайынц;
- Кæрæдзийы æрдæм дырыс поляризацигонд æвзарæнон активондзинады фоныл, Уацхæссæгы рухс кæныны тоны сегасдæр бæрзонд процентон миниуæг нейтралон у.
Æххæстæй хыгъдлæвæрд гуырдзиаг æвзагыл фенын уæ бон у ацы дæнцыл.