30 марты «Телескъолайы» куыст райдианæй дыууæ азы рацыд.
2020 азы бындурæвæрд уыд канал, кæцы Дунеон пандемийы тыххæй бæстæйы уагæвæрд карз тобæты рæстæджы ахуырады министрадимæ иумæ скъолайы ахуыргæнинæгтæн прецедент цæмæн нæй ахæм платформæ сарызта.
«Телескъола» уникалон концепцийы проект у, кæцы ацы дыууæ азы дæргъы рæзынады стыр потенциал сæвзæрын кодта. «Телескъолайы» фæрцы пандемийы радаынæй абоны онг ахуыргæнинæгтæн ис фадат ахуыры планæй бæрæг алы активондзинадмæ баиу кæнын. Каналмæ æфтыд æрцыд ахуырадон проекттæ, документалистикæ æмæ фæсивæдон токшоуы формат, кæцы, мæ хъуыдымæ гæсгæ, иттгæнысаниуæгджын у æвзонг аудитори æрбаласынæн, уыдонæн хæрзгъæд рухсадон контент банхъарынæн» – райхъусын кодта Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили.
Ахуырадон телеканал ахуыргæнинæгтæн телеуроктæ, æндæр æмæ æндæр кары кæсджытæн та бирæгъуызон программæ æнхъраы. Каналы эфиры ацæуы фыццагæй дыууадæсæм класс хынцгæйæ ахуырадон планæй бæрæг уроктæ. Скъолайы программæйæ уæлдай ма, «Телескъола» ахуыргæнинæгтæн æнхъары ахуырадон æмæ зонадон класæддæ уроктæ, документон фильмтæ æмæ фæсивæдон проекттæ. «Телескъолайы» эфиры цæуынц уроктæ æнæгуырдзыйагæвзагон скъолатæн дæр, афтæма жестты æвзагыл уроктæ.