Фыццаг январæй  Шенгены  регуляцийæ бæрæг  документаци, уæлæмхасæй басгардзысты Гуырдзыстоны арæнон-ауадзæн  пункттыл
Фыццаг январæй Шенгены регуляцийæ бæрæг документаци, уæлæмхасæй басгардзысты Гуырдзыстоны арæнон-ауадзæн пункттыл

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад  Евроцæдисы/Шенгены зонæйы уæнг  бæстæтæм æнæвизæ змæлды  фæдыл, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн зæрдылдарæн информаци хъусын кæны.

«Курæг уæ стæм, уæ зæрдыл бадарат, цæмæй 2021 азы  фыццаг январæй   йæ тыхмæ хизы  закъондæттæн ивд, кæцымæ гæсгæ дæр, Шенгены регуляцийæ  хъæугæ  документаци уæлæмхасæй  басгардзысты Гуырдзыстоны  арæйнон   ауадзæн  пункттыл.

Гуырдзыстоны æмбæстагы,  гæнæн ис, арæныл ахизыны бар ма раттын, кæд йын тобæгонд у  Евроцæдисы/Шенгены, кæцыдæр  бæстæмæ бахизын  кæнæ  та  нæ бахъом уыдзæн    закъонæй  бæрæг документаци  бавдисын», – банысангонд у фæсарæн хъуыддæгты  уагдоны информацийы.

Уыйимæ иумæ ма, уагдон  хæлиу кæны  арæх æвæрд  фарстæтыл дзуаппытæ   закъондæттæн  ивддзинады тыххæй.

«Æнæвизæйæ  абалц кæнын  гæнæн ис, Евроцæдисы/Шенгены зонæйы уæнг   ацы  бæстæтæм:

Австри, бельги, Герани, Дани, испани, Эстони, Итали, Латви, Лиетувæ, Люксембург, Мальтæ, Нидерландтæ, Польшæ, Португали, Греци, Франц, Словаки, Словени, Венгри, Финлянди, Чехи, Исланди, Лихтенштейн, Норвеги, Швеци, Швейцари, Болгари, Хорвати, Кипр æмæ Румыни.

Кæцыфæнды ахæм визиты æмгъуыд  ма  хъуамæ уа 90  бонæй фылдæр  кæцыфæнды 180 бонон  периоды.

90 бонон  уæвыны  æмгъуыдæй фæуæлдай кæныны  цауы, Евроцæдисы/Шенгены бæстæты  территорийыл  уæвын нымад цæудзæн  æнæлегалонæй.  Ахæм  гоймагы  гæнæн ис,  раддæдуар кæной  бæстæйæ  æмæ йын фæтобæ уа Евроцæдисы/Шенгены уæнг бæстæты  территоримæ бахизын  5 азы онг æмгъуыдæй.  Афтæма, гæнæн ис,  фæивар æй кæной  3000  евройы  бæрц суммæйæ.

Æнæвизæйæ балц кæнын гæнæн ис,  ахæм нысæнттæн: туристон балц;  бинонты уæнгты/хæстæджыты/æрвадæлтæм фæуазæг уын; хъуыддагджын фембæлдты, бадзырдтæ ауадзын;  æхсæнадæмон семинары, конференциты, симпозиумты  æмæ  равдыстыты  хайад; цыбырæмгъуыдмæ  ахуырадон курсты æмæ  тренингты,  ивгæ  рухсадон/стажировкæйы  программæты  хайад;  медицинон  сервистæй  фæлхас кæнын – цыбырæмгъуыдмæ  хосгæнæн  курс/операци», – хъусын кæнынц  фæсарæн хъуыддæгты министрадæй.