Фыццаг июлæй æхсæнадоны статус кæцы сколатæн ис, уымы ахуыргæнджытæн мызд, астæуккагæй 500 ларийæ фæуæлдай уыдзæн
Фыццаг июлæй паддзахадон статус кæцы скъолайæн ис, уым кусæг алы ахуыргæнæгæн сæ мыздтæ 500 ларийæ фæуæлдай уыдзысты, – уый фæдыл Гуырдзысоны ахуырады министр Гиорги Амилахвари парламенты райхъусын кодта.
Министр парламенты афтæдæр фæныхас кодта иумæйаг ахуыры националон нысæнгтты ног документы тыххæй.
«Уæрæхмасштабон касты æмæ скъолайы æхсæнады уæнгты активон æмхайадæй, 2004 азы фæстæ фыццаг хатт, сбæлвырд ис иумæйаг ахуыры националон нысæнтты документ, кæцыйы сæйраг ориентир арызт уыд ахуырдзаутæм патриотизмы, националон зæрдæйы ахасты, националон идентондзинады, паддзахадонæй хъуыды кæныны, бинонты институтæн цыт кæныны, иумæйагадæймагон æмæ универсалон хæзнатыл фæхæст кæныны æмæ стынг кæныны фæдыл», – райхъусын кодта Амилахвари.
Уыимæ Гиорги Амилахварийы фидиуæнæй, зæгъгæ райдыдта иумæйагахуырадон уагдæтты автономийы стынг кæнын, кæцы йæ хъуыдыйы дары скъолатæн фылдæр академион сæрибардзинад раттын.
Ахуырады министры информацийæ, 20 паддзахадон сколайы уыдзæн процессион программæты сыххæст æмæ фæудгæнæн классы ахуырдзаутæн уыдзæн фадат тæккæ скъолайы сахуыр кæной фæндон професси.