Францы президентон æвзæрстыты хъæлæсты 97% бахыгъды фæстиуæгæн, Эммануэль Макронæн ис 27.6%, Марин Ле Пенæн та 23.4%
Францы президентон æвзæрстыты хъæлæсты 97 проценты бахыгъды фæстиуæгæн, Эммануэль Макронæн ис 27.6%, Марин Ле Пенæн та 23.4%. Æртыккаг бынатыл хъæлæсты 21.9% ис ультрагалиуты минæвар Жан люк Меланшон, кæцы йæ æвзæрстгæнджытæм æрсидтис, цæмæй дыккаг туры схъæлæс кæной Эммануэль Макронæн.
Ныгуылæйнаг медийы информацийæ, фыццаг туры Макроны фæуæлахизмæ нæкæсгæйæ, æхсæнадон хъуыдыйы рафарстæй рабæрæг ис, цæмæй дыккаг туры, Эммануэль Макрон æмæ Марин Ле Пены æхсæн процентон хъауджыдзинад тынг цъус уыдзæн.
Францы президентон æвзæрстыты дыккаг туры ультрарахис Эрик Земур, Марин Ле Пенæн рахæцдзæн йæ фарс иннæ кандидаттæ та архайæг президент Эммануэль Макронæн.