«ФОРБС» - цæмæн у гуырдзиаг сæн бавдыст планетæйы сеппæтæй уникалон сæнты æхсæн
«Ивгъуыд азы археологтæ куы ссардтой керамикон састыты мидæг сæндуцынады фæдтæ, кæцыты кар 8 мин азæй фылдæр у, уæд раздæры советон республикæ йæхиуыл скодта æппæт дунейы сегасæй асджындæр сæндуцæгы коронæ» – фыссы статийы автор Лана Бортолог.
Статийы мидæг банысангонд у уый ома Гуырдзыстоны, урс сæн аразыны сæрмгаонд æгъдау ис, кæцы йæхи нымæры дары сæнæфсиры йæ аппытимæ мæ æ цъæртитимæ мæйты дæргъы контакт æмæ йæ дарын æлыгæй амфорæйы – квеврийы (быркуы), кæцы сæн æнхъызыны процесы у зæххыбын. «Ацы тенденци ссис популярон дунейы æндæр бæстæты, фæлæ йæ уидæгтæ цæуынц гуырдзиаг культурæ1йы арфадæй» -дзырдæуы «Forbes»-ы статийы.
Статийы мидæг афтæдæр бавдыст у «Гуырдзыстоны сæны хæдзары» менеджерыНоэль Брокеты аргълæвæрд.
«Гуырдзиæгтæ сæн цас уарзынц уый у цыдæр æнахуыр. Цъус эжксцентрикон у æмæ сæм дæ цæст куы дарыс, уæд æцæг дæр фæдис кæныс – уый у культурæйы дæнц æмæ æрвылбойнон царды уаг» – дзуры, Вашингтоны «Гуырдзыстоны сæны хæдзары» менеджер Ноэль Брокет, кæцы мадзалмæ æрбацыд цухъхъайы кондæй.
Статийы автор куыд фыссы афтæмæй, Гуырдзыстоны традицион сæндуцынад кæддæриддæр уыдис мидæгон хъуыддаг, кæцы баст у историмæ, религиимæ æмæ мифологиимæ. Ис дзы незаманы таурæгъ, кæцымæ гæсгæйæ хæстонтæ, сæ згъæрхæдоныл иу бафидар кодтой сæнæфсиры тала. Афтæмæй хæсты иу куы мардысты, уæд сæ риуæй иу æрзадис сæнæфсир.
Статийы банысангонд у цæмæй æнæкæсгæ астминазмæ, гуырдзиаг сæн дунейы сæны картæйыл фæзындис цъус рæсæтдг размæ, фæлæ уый æрцыд геополитикон аххосæгты тыххæй.
Статимæ гæсгæйæ, Каспийы æмæ Сау денджызты æхсæн уæвæг чысыл республикæйы сæндуцынад æгæр куылымпыгонд уыд 2003 азы онг советтон режимæй. Историон сæндæттæй пайда кодтой аслам фабрикон сæн дуцынæн. Мидхæст æмæ уый фæстæ та 2006-2013 азты уагæвæрд уырыссаг эмбарго, гуырдзиаг сæнмæ бандæвдта æмæ сцырын кодта бæрзондхъæдджын ныуæзт амалиуæгад.
«Forbes»-ы дзурынц цæмæй гуырдзиаг сæндуцджыты æхсæн абон ис традицион сæндуцджытæ, афтæдæр ма мигранттæ Винсент Жюльен æмæ Гийом Жиру – дыууæ дæр францæгтæ, кæцытæ бындур æрывæрдтой «Lapati» – фермæ Сагареджойы. Уыдон афæдзы мидæг уадзынц 12 мин авг сæн, Япони, Даний æмæ АИШ-ы базартæн.
Статийы кæрон автор йæ кæсджытæн амоны, гуырдзиаг сæны 5 хуызаг басгарын кæцыты æхсæн сты : Киси, Мцъване, Ркацъители, Саперави æмæ Цъинандали.