Финансты министрад - телекомпанитæ 1-аг октябрæй райдайгæйæ фидинæгтæ нæ бафыстой æмæ æфтиæгты куыст тыхыбын бацис, фидтонон кодексæй бæрæг амæлттæ ауадзын
Гуырдзыстоны финансты министрад æртæ телекомпанийæн, «Рустави 2»-н, «Тв Пирвели»-н æмæ «Кавкасиа»-æн сæвæрдта инкасо.
Уагдоны пресс-куысты æмбарын кæнынц, цæмæй ацы скуыддзаг, уæвæг фидинæгтæ кæй нæ бафыстой уый тыххæй æрцыд ист.
Дзырдæуы, фæстаг дыууæ мæйы фидинагы фæдыл, кæцыйы телекомпанитæ 1-аг октябрæй нырма нæ бафыстой.
Финансты министрад медиа-фæрæзты 23 декабры специалон куырдиатæй бафæдзæхста æмæ сын иубонон æмгъуыд радта, цæмæй 2019 азы 1-аг октябрæй цы фидинаг æрымбырд ис, уыйы сæйраг сумæ бафыстаиккой.
Ныхас нæ цæуы ивгъуыд азты дæргъы цы фидинаг æрымбырд ис уый фæдыл, кæцымæ гæсгæ дæр финансты министр нырма сæрды æрсидтис телекомпанитæм, æмæ сæ æркуырдта, азты дæргъы цы фидинæгтæ æрымбырд ис, уыцы хæсы реструктуризацийыл æнхъарæнтæ бавдыстаиккой афтæдæр, цæугæ хæсы фидын райдыдтаиккой.
Финансты министрады дзурынц, цæмæй зæгъгæ хæсы реструктуризацимæ нæсгæ, финансты министрады æфтиæгты куысты æмæ телекомпаниты æхсæн ацы афонмæ дарддæр кæны бадзырдты процесс, кæцы ивгъуыд азты дæргъы æрымбырдуæвæг хæстæм æххæссы.
Ныр уæвæг хфидинаг хæс та, финансты министрады пресс-куысты куырдиатæй, телекомпанитæ 1-аг ооктябрæй райдайгæййæ фидиæнæгтæ нæ бафыстой æмæ финансты министрады æфтиæгты куыст, тыхыбын бацис, Гуырдзыстоны фидтонон кодексæй бæрæг амæлттæ сыххæст кæнын æмæ æртæ телекомпанийыл инкасо сывæрын.