Финансты министр таможнæйы кусджытæн, кæцытæ кæрон скодтой наркотикты æрбаласыны фактытæ, бузныгы æвдисæнгæххæттытæ адæтта
Финансты  министр таможнæйы  кусджытæн, кæцытæ  кæрон скодтой наркотикты  æрбаласыны  фактытæ,  бузныгы  æвдисæнгæххæттытæ адæтта

Финансты  министр Мамука Бахтадзе  абон фембæлд таможнæты уцы  кусджытимæ,  кæцытæ  афæдзы  райдианæй,  таможнæ-ауадзæн пунктытыл кæрон скодтой   сæрмагондæй  стыр бæрцæй  наркотикон  фæрæзты æрбаласыны  фактытæ. Мамука Бахтадзе  сæрмагондæй вазыгджын  рард сæххæсты  тыххæй  сын  бузныгы  æвдисæнгæххæттытæ адæтта.

Финансты  министрады  хъусинагæй,   таможнæйы  офицертæ, «Къарцъахы»  таможнæ-ауадзæн пунктытыл  кæрон скодтой  1500  таблеткæ  наркотикон  буарад    SUBOXENE-ы  æрбадасыны факт; Тбилисы   аэропорты  раргом кодтой  615  грамм «Героины»,  3.8  килограмм  «опиумы»,  1 килограмм  «кокаин»; Сарпийы  таможнæ-ауадзæн пункты та  ссардтой  99  таблеткæ  «Метадон»  афтæма, 71,75  грамм «Метамфитамины».