Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министры хæстæ æххæстгæнæг Натиа Турнава хъусын кæны, цæимæй февралæй æхсæнадæмон тахтытыл алыгъуызон арæнæвæрдтæ аивын план кæны. Уый фæдыл Турнава уагдоны 2020 азы куысты хыгъдлæвæрд бавдисыны рæстæджы райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ антикризисон æххуысы фæстиуæгæн тынг позитивон тенденцитæ фиксир кæнынц экономикон активондзинады æрдгæй.
Афтæма, Натиа Турнава куыд банысан кодта, пандемимæ нæкæсгæйæ, æнтыстджынæй дарддæр кæны æмæ иу бон дæр нæ фæлæууыд министрад цы инфраструктурон проекттæ райдыдта уыдон.
«Фæуд кæны Кутаисы æмæ Батумы æхсæнадæмон аэропортты ауæрæх кæныны программæ. Пълан кæнæм, февралæй практиконæй аивæм алы арæнæвæрдтæ æхсæнадæмон тахтытыл æмæ ацы ранæуæггонд инфраструктурæ сфысым кæндзæн уазджытæн æмæ балæггад кæндзæн нæхи æмбæстæгтæн»- райхъусын кодта Натиа Турнава.