«Фейсбук» сæрмагонд платформæйæ æмæ «Инстаграммæй» Гуырдзыстоны арызт 418 æнæавтентон профайлтæ схафта
Социалон хызаг «Фейсбук» сæрмагонд платформæйæ æмæ «Инстаграммæй» Гуырдзыстоны арызт 418 æнæавтентон профайлы схафта. «Фейсбукы» информацийæ, дзырдæуы мæнг профайлты тыххæй, къордты æмæ фарсытыл, кæцыты фæстæ уæвæг уæнгтæ кæрæдзиимæ координиргондæй арызтой хызаг æмæ архайдтой, бынæттон аудитори рæдыды бафтауын, сæхи æмæ сæ куысты тыххæй.
«Фейсбукы» хъусинагæй, сæ фарсытæ, политикъон партитæй, хицауадон гæстæй, аткивистты къордтæй æмæ медиафæрæзтæй хуыдтой сæхи, кæцытыл дæр фарсы администратортæ æмæ хицæуттæ фыстой бынæттон ног хабæрттæ æмæ ахæм политикъон фарстатыл, цахæм дæр сты æвзæрстытæ, хицауады политикъæ, бæрзонг гæстæ, оппозицийы æмæ бынæттон активистон организациты критикæ.
Æмтгæй райсгæйæ, «Фейсбук» 39 профайлы, 13 къорды, æмæ инстаграммы 22 профайлы сафта. Уцы фарсытæй иууыл цъус иу кæнæ фылдæрæн уыд 442 300 рафыссæг. Æрмæст къордтæй иу кæнæ цалдæрæн, 52 000- онг рафыссæг. «Фейсбук» æмæ «Инстаграммыл» уырдыгæй æндæр æмæ æндæр типы рекламайы публикацийы тыххæй, бахардз ис 316 мин АИШ доллары онг.
«Фейсбукы» информацийы банысангонд у, цæмæй арызт иртасæны фæстиуæгæн фæбæрæг ис уый æмæ ацы архæйдтыты фæстæ лæууыд «Гуырдзиаг Бæллиццы» дæлбар хицауад æмæ рекламон агентад «Панда».