«Гуырдзиаг Бæллиццæй» ноджы  дыууæ уæнг  ацыд, уыдон хъусын кæнынц, цæмæй баиу уыдзысты  уыцы  адæймæгты рæнхъытæм, кæцытæ  рæстдзинадæн тох  кæнын хъавынц
«Гуырдзиаг Бæллиццæй» ноджы дыууæ уæнг ацыд, уыдон хъусын кæнынц, цæмæй баиу уыдзысты уыцы адæймæгты рæнхъытæм, кæцытæ рæстдзинадæн тох кæнын хъавынц

Парти «Гуырдзиаг Бæллицц»  ноджы дыууæ уæнг  ныууагъдта.  Уый фæдыл   партийы раздæры  уæнгтæ фыссынц  социалон хызаджы.

Аспиндзайы  сакребулойы  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  фракцийы  сæрдары пост æмæ парти уадзы  Гиа Чъелишвили.

«Мах æмæ нæ фыдæлтæ  бирæ  туг ныккалдтам  Европæйы æрдæм ныфсытæй  едзаг æфæндагыл  æмæ абон тынг   вазыгджын уавæры уынæм,  цæмæй  иуæй-иу  цæвиттон  европаг нæ  бæстæ æмæ   адæмимæ ныхс кæнынц  «хъус ивазгæйæ»;  архайынц  сывæрын  æмсæрады нысан  «Националон Змæлд» æмæ   Европæйы æхсæн.  Растдæр уыцы адæм  знаггад кæнынц  æцæг европаг   идеяйæн нæ бæстæйы., кæцы   мæнæн нысан кæны  хæст нæ фæлæ –  сабырдзинад, Гуырдзыстоны васалæй  уæвын нæ фæлæ  хæдбарад. Ай  æппæтмæ  гæсгæйæ,    ахицæн кодтон  ныууадзын  парти «Гуырдзиаг Бæллицц»  æмæ фракцийы сæрдары   бынат уый тыххæй,  цæмæй  сæрибарæй  мæ бон уа  ай æппæтыл  ныхас  кæнын», –  фыссы  «Фейсбукы» Гиа Чъелишвили.

Афтæма  йæ  куыстæй йæхи суæгъд кодта Телавы сакребулойы  фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæнг Леван Кочълошвили. Уый  йæ  социалон хызаджы публикацигонд посты  фыссы,  зæгъгæ,  цæмæй  цæ  бон бауа  сæрибарæй  ныхас кæнын æмæ архайын,  ахицæн кодта баиу уа  уыцы адæймæгты   рæнхъытæм, чидæриддæр хъавы рæстдзинадытыххæй   тох кæнын.