«Фейсбук» сæрмагонд платформæйæ  æмæ  «Инстаграммæй»  Гуырдзыстоны арызт  418 æнæавтентон  профайлтæ схафта
«Фейсбук» сæрмагонд платформæйæ æмæ «Инстаграммæй» Гуырдзыстоны арызт 418 æнæавтентон профайлтæ схафта

Социалон хызаг  «Фейсбук» сæрмагонд   платформæйæ  æмæ   «Инстаграммæй»   Гуырдзыстоны  арызт  418  æнæавтентон  профайлы  схафта.  «Фейсбукы»  информацийæ,  дзырдæуы   мæнг профайлты  тыххæй,   къордты æмæ   фарсытыл,  кæцыты  фæстæ  уæвæг уæнгтæ  кæрæдзиимæ  координиргондæй   арызтой  хызаг  æмæ   архайдтой,  бынæттон аудитори рæдыды  бафтауын, сæхи æмæ сæ  куысты  тыххæй.

«Фейсбукы»  хъусинагæй,   сæ фарсытæ,  политикъон партитæй,  хицауадон гæстæй, аткивистты  къордтæй æмæ   медиафæрæзтæй  хуыдтой  сæхи,  кæцытыл дæр  фарсы  администратортæ  æмæ   хицæуттæ  фыстой   бынæттон  ног хабæрттæ  æмæ   ахæм политикъон фарстатыл,  цахæм дæр сты  æвзæрстытæ,  хицауады  политикъæ,  бæрзонг гæстæ, оппозицийы  æмæ  бынæттон активистон организациты  критикæ.

Æмтгæй  райсгæйæ, «Фейсбук»  39 профайлы, 13 къорды, æмæ   инстаграммы   22  профайлы  сафта.  Уцы  фарсытæй  иууыл цъус  иу   кæнæ  фылдæрæн уыд   442 300  рафыссæг. Æрмæст   къордтæй  иу кæнæ   цалдæрæн,  52 000- онг  рафыссæг.  «Фейсбук» æмæ «Инстаграммыл» уырдыгæй  æндæр æмæ æндæр типы  рекламайы  публикацийы   тыххæй,  бахардз ис  316  мин АИШ доллары онг.

«Фейсбукы»  информацийы  банысангонд у, цæмæй   арызт иртасæны  фæстиуæгæн фæбæрæг ис уый æмæ  ацы  архæйдтыты  фæстæ   лæууыд  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  дæлбар  хицауад æмæ   рекламон агентад «Панда».