Цалдæр сахаты размæ, Фейсбук, социалон хызагæй пайдагæнджыты сæрмагонд анкетæтæй автоматонæй раддæдуар кодта. Сæ фылдæрæн бæрæг æмгъуыдæй, социалон хызамæ баздæхын сæ бон нал уыд.
Хæлды фæдыл хъусинæгтæ фæзындис сайт Downdetector.com-ыл дæр, кæцыйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, пайдагæнджытæн проблемæтæ сæрмагондæй Европæйы масштабæй уыд.
Картæйыл Гуырдзыстон банысангонд у бургъуызæй, кæцы уый амоны ома, проблемæтæ социалон хызагæй гуырдзиаг пайдагæнджытæм дæр баххæссыдысты.
Фейсбукы минæвæрттæ официалонæй нæ райхæлдтой проблемæйы аххос, æрмæст дзы пайдагæнджытæм æрсидтысты, æдасдзинады нысанæй сæ парольтæ ранæуæг кæной. Социалон хызаг, сырæзт æнæмбаргæдзиады тыххæй пайдагæнджытæй хатыр куры.